Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Мартъи: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Бацархай, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Апрель ӕмӕ май: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Бацу, Ӕрымысӕн изӕры, йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд ӕмӕ фылдӕр базонын кӕй фӕнды, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыдонмӕ. Дӕ нысан уӕд семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июнь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын ныууадз 192-фарсон чингуытӕй искӕцы. Трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?», «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?», «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон», «Ацы дуне фервӕздзӕн?», «Дзӕнӕтмӕ фӕндаг куыд ссарӕн ис?». Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр. Сентябрь: Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» Адӕймагӕн чиныг куы раттай, уӕд бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Равдис ын, куыд ис цыбыртӕй Библи ахуыр кӕнӕн.
◼ Хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор кӕмӕн бахӕс кӕна, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ ӕркӕса ӕмбырды ӕхцайы хыгъдмӕ декабрь, январь ӕмӕ февралӕн. Ӕдзух уыцы иу адӕймаг хъуамӕ ма бӕрӕг кӕна хыгъд. Ӕмбырды фехъусын кӕнут, ӕхца нымад кӕй ӕрцыд. Хыгъд фӕйнӕгыл бакӕнут (Кӕс «Инструкции для бухгалтерского учета собрания», S-27).
◼ Ӕмбырдмӕ куыддӕр журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» ӕрцӕуынц, афтӕ сӕ хъӕуы хъусынгӕнджытӕн байуарын, цӕмӕй-иу сӕ уацамынды ацӕуыны размӕ бакӕсой.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2008 азы 28 сентябры Волховы (Ленинграды обл.), 22 ноябры Астраханы, 23 ноябры поселоктӕ Тульский ӕмӕ Каменномостскийы (Адыгейӕ) ӕмӕ 29 ноябры хъӕу Ширайы (Хакасси).