Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты 2009 азы 27 апрелӕй райдайгӕ къуыри Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы. 2009 азы 2 мартъийӕ райдайгӕ къуырийӕ 27 апрелӕй райдайгӕ къуыримӕ цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. Ӕрмӕг ӕвзардзӕн Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты дӕргъы.
1. Ӕдзухдӕр цырд цӕмӕн хъуамӕ лӕууӕм? (wt-OSS 58 ф., 16 абз.).
2. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд у Сайтаны дунейыл уӕлахиз кӕнын? (wt-OSS 75, 76 фф., 13 абз.).
3. Нӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи саразы, уымӕн хатыр кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕй нын Иосиф фӕзминаг куыд у? (Райд. 45:4, 5) (w99-U 01.01. 31 ф., 2, 3 абз.)
4. Иосиф афтӕ цӕмӕн загъта: «Ме стджытӕ мын ардыгӕй ахӕссут»? (Райд. 50:25) (w07-OSS 01.06. 29 ф., 10 абз.).
5. Зын хъуыддаг нын куы бахӕс кӕной, уӕд нӕ цы бафидар кӕндзӕн? (Рац. 4:10, 13) (w04-OSS 01.04. 29 ф., 4 абз.).
6. Йегъовӕ фараоны кӕй бафхӕрдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Рац. 9:13–16) (w05-OSS 01.06. 10 ф., 8 абз.).
7. Рацыды 14:30, 31 цы кӕсӕм, уый нӕ рӕстӕгмӕ куыд хауы? (w04-OSS 03.15. 30 ф., 3 абз.).
8. Рацыды 16:1–3 цы кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуыр-хъуыр кӕнын тӕссаг цӕмӕн у? (w93-U 15.03. 20 ф., 2 абз.–21 ф., 2 абз.).
9. Рацыды 19:5, 6 ныхӕстӕм гӕсгӕ, Израил Закъоны бадзырдмӕ гӕсгӕ «сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» кӕдмӕ хъуамӕ уыдаид? (w95-U 01.07. 16 ф., 8 абз.).
10. Дӕсӕм фӕдзӕхст кӕрӕфдзинадӕй куыд фӕдзӕхсы, уый, адӕм цы закъӕттӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдонӕй хуыздӕр цӕмӕн у? (Рац. 20:17) (w06-OSS 01.07. 15 ф., 16 абз.).