Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2010 азы 22 февралӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 4 январӕй 22 февралмӕ Скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыд, уыдоныл.
1. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм? (Йес. Н. 22:9–12, 21–33) (w04 01.12. 7 ф., 1 абз., ирон.).
2. Цы сразӕнгард кодта Йесо Навины, йӕ чиныджы 24:14, 15 стихты кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ зӕгъынмӕ, ӕмӕ абон нӕ цардыл куыд хъуамӕ фӕзыной? (w08 15.05. 17, 18 фф., 4–6 абз., ирон.).
3. Ваалӕн кувджытӕ израилӕгтӕн къӕппӕг куыд систы ӕмӕ сӕ сӕ фӕдыл куыд асайдтой? (Тӕрх. 2:3) (w08 15.02. 27 ф., 2, 3 абз., ирон.).
4. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Аод йӕ кардӕй куыд спайда кодта, уымӕй? (Тӕрх. 3:21) (w05 01.03. 16 ф., 2 абз., ирон.).
5. Йегъовӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, Гедеоны 32 000 адӕймаджы ӕгӕр бирӕ сты 135 000 знаджы ныхмӕ? (Тӕрх. 7:1–3) (w05 01.03. 15 ф., 6 абз., ирон.).
6. Куыд ӕмбаргӕ у, Йегъовӕйӕн йӕ уд Израилы тӕригъӕдмӕ кӕсын кӕй нал фӕрӕзта? (Тӕрх. 10:16) (cl 254, 255 фф., 10, 11 абз., ирон.).
7. Йеффай дзырд куы лӕвӕрдта, уӕд йӕ зӕрды нывондӕн адӕймаджы ӕрхӕссын уыди? (Тӕрх. 11:30, 31) (w05 01.03. 16 ф., 1 абз., ирон.).
8. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Самсоны тых йӕ дзыккуты уыди? (Тӕрх. 16:18–20) (w05 15.03. 28 ф., 5, 6 абз., уырыс.).
9. Тӕрхонгӕнджыты 16:3 фыст ис, Самсон цы диссаджы хъуыддаг сарӕзта, уый. Уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w04 01.11. 15 ф., 7, 8 абз., ирон.).
10. Тӕрхонгӕнджыты 16:16 стихы цы хабары кой цӕуы, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w05 01.03. 17 ф., 4 абз., ирон.).