Фарстаты асыкк
◼ Цымӕ нӕ бон у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕм хӕстӕджы кӕнӕ зонгӕйы чындзӕхсӕвмӕ ацӕуын?
Алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, ахӕм чындзӕхсӕвмӕ ацӕуа ӕви нӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Йегъовӕйы раз нӕ дзуапп дӕттын кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ уынаффӕ рахӕссӕм, уӕдмӕ уал нӕ хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын, Библиийы уый фӕдыл цы фыст ис, ууыл.
Сӕйрагдӕр нын хъуамӕ уа, Хуыцау нӕм цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, уый. Чырысти загъта: «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ Уд, ӕмӕ йын чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоан. 4:24). Уӕдӕ мах нӕ архайӕм, Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи сты, ахӕм хъуыддӕгты ӕмӕ нын ӕндӕр динтимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Ӕндӕр диныл хӕст адӕмимӕ иумӕ нӕ фӕкувӕм ӕмӕ сын се ’гъдӕуттӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм (2 Кор. 6:14–17).
Мах ӕй ӕмбарӕм, цы уынаффӕ рахӕсдзыстӕм, уый иннӕтыл дӕр кӕй фӕзындзӕн. Зӕгъӕм, чындзӕхсӕвмӕ ӕрмӕст дӕхи равдисыны тыххӕй куы ’рбацӕуай, уӕд дӕм дӕ хиуӕттӕ нӕ фӕхъыг уыдзысты? Стӕй нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, не ’мчырыстӕттӕ дӕр цы ахъуыды кӕндзысты, уый (Ром. 14:13). Суанг, кӕд дӕ бинонтӕ иууылдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ахӕм чындзӕхсӕвмӕ ацӕуын рӕдыд нӕ уыдзӕн, уӕддӕр ӕвзӕры фарста: «Уый нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн къуылымпыйы хос нӕ фӕуыдзӕн?»
Чи зоны не ’нӕуырнӕг хӕстӕджы чындзӕхсӕвы исты фӕлварӕныл сӕмбӕлӕм. Зӕгъӕм, куы нын зӕгъой, цӕмӕй чындзӕхсӕвы истӕмӕй фӕкӕсӕм, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Кӕнӕ та не ’нӕуырнӕг цардӕмбалы фӕнды, цӕмӕй чындзӕхсӕвы кӕрӕй-кӕронмӕ фӕуӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуыддаг ӕрмӕст ЗАГС-ыл кӕм ахицӕн вӕййы, ахӕм чындзӕхсӕвы уай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис.
Фӕлӕ чындзӕхсӕв бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ куы уа, уӕд уый ӕндӕр хъуыддаг у. Ахӕм чындзӕхсӕвмӕ, чи зоны, цӕугӕ дӕр ма акӕнай, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕнды Библи ӕмӕ дын де ’фсарм куыд дзуры, афтӕ цӕрын. Стӕй дзы цыдӕр хъуыддӕгты куы нӕ архайай, уӕд адӕмы дӕр дӕхимӕ ӕркӕсын кӕндзынӕ (Ӕмб. 22:3). Дӕ хӕстӕджытӕн рагацау куы зӕгъай, цӕуыл ӕууӕндыс, уый ӕмӕ сын куы бамбарын кӕнай, цавӕр хъуыддӕгты нӕ архайдзынӕ, уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты бахиздзынӕ.
Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕной, уӕд, чи зоны, ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуой: «Фынгыл куы не ’рбадон ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгты куы нӕ архайон, уӕд мӕ бон у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уый чындзӕхсӕвмӕ ацӕуын». Фӕлӕ дӕм, кӕд афтӕ кӕсы, чындзӕхсӕвы дӕхи куыдфӕнды ма хъахъхъӕнай, уӕддӕр ӕнӕфӕрӕдийгӕ нӕ фӕуыдзынӕ, уӕд, чи зоны, зӕгъай, ацӕуынӕй ма ацӕуын хуыздӕр. Кӕд ЗАГС-мӕ нӕ, фӕлӕ бадтмӕ ӕрбацӕуын фӕнд кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕхицӕн рагацау зӕгъӕм, алцыдӕр Хуыцауы кадӕн кӕй араздзыстӕм (1 Кор. 10:31). Ахӕм хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ «алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп» (Гал. 6:5). Уӕдӕ цыфӕнды уынаффӕ ма рахӕссӕм, нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕйы раз нын сыгъдӕг цӕсгом уа, уымӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис.
[Таблицӕ 3–6 фарсыл]
ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2009 ЛӔГГАДЫ АЗӔН
(Кӕс публикацимӕ)