Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Мартъи: Архайут, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайат. Апрель ӕмӕ май: «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг». Бацу-иу, Ӕрымысӕн изӕры, йе та ӕндӕр фембӕлдты чи уыд, стӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыдонмӕ. Дӕ нысан уӕд семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Июнь: Архайут, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайат. Кӕд адӕймагмӕ ацы чиныг ис, уӕд ын ныууадз 192-фарсон чингуытӕй искӕцы. Трактаттӕ «Чи у Иегъовӕ?», «Чи у Йесо Чырысти?», «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын?», «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон», «Ацы дуне фервӕздзӕн?», «Дзӕнӕтмӕ фӕндаг куыд ссарӕн ис?» Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.
◼ Ӕмбырдмӕ куыддӕр журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» ӕрцӕуынц, афтӕ сӕ хъӕуы хъусынгӕнджытӕн байуарын, цӕмӕй-иу сӕ уацамынды раттыны размӕ бакӕсой.
◼ Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 2010 азы 30 мартъийы, дыццӕджы (зардзыстӕм дзы 40 ӕмӕ 44 зарджытӕ). Кӕд уе ’мбырд дыццӕджы вӕййы, уӕд-иу ӕй уыцы къуыри ӕндӕр бон скӕнут. Кӕд Паддзахады залы бирӕ ’мбырдтӕ вӕййы ӕмӕ фембӕлд ӕндӕр бонмӕ фӕивӕн нӕй, уӕд уын уыцы къуыри ӕмбырд нӕ уыдзӕн. Уӕд хъусын кӕныны фембӕлды программӕйӕ иуӕй-иу хъуыдытыл уӕ бон уыдзӕн аныхас кӕнын иннӕ фембӕлды, кӕд уе ’мбырдӕн уӕлдай стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, уӕд.
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтой Паддзахады залтӕ: 2009 азы 12 декабры – Нижний Новгород ӕмӕ Дзержинскы (Нижегород. обл.); 2009 азы 13 декабры – Боры (Нижегород. обл.).