Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2010 азы 26 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 1 мартъийӕ 22 апрелмӕ Скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыд, уыдоныл.
1. Ноемин цӕмӕн зӕгъта, «Йегъовӕ мӕ фегад кодта ӕмӕ мӕ Ӕппӕтхъомысджын бӕллӕхы хай бакодта», зӕгъгӕ? (Руф 1:21) (w05 01.03. 30 ф., 2, 4 абз., ирон.)
2. Руфы «хӕрзӕгъдау сылгоймаг» цавӕр миниуджыты тыххӕй схуыдтой? (Руф 3:11) (w05 01.03. 31 ф., 7 абз., ирон.)
3. Елхъан йӕ усӕн афтӕ кӕй загъта, ӕз дын дӕс фыртӕй дӕр хуыздӕр дӕн, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ куыд бафидар кодта? (1 Сам. 1:8) (w05 01.04. 30, 3 абз., ирон.)
4. Куыд ӕмбаргӕ у, «ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр хуыдтой зонынджын», зӕгъгӕ? (1 Сам. 9:9) (w05 01.04. 30 ф., 8 абз., ирон.)
5. Кӕд Самуил «базӕронд ӕмӕ йӕ сӕр сурс», уӕддӕр-иу иннӕты тыххӕй куывта. Уымӕй нын фӕзминаг куыд у ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? (1 Сам. 12:2, 23) (w07 01.06. 29, 30 фф., 14, 15 абз., ирон.)
6. Кинейӕгтӕ Саулы хорзӕх цӕмӕн ссардтой? (1 Сам. 15:6) (w05 01.04 31 ф., 1 абз., ирон.)
7. Саул Давиды цӕмӕн бафарста, «кӕй фырт дӕ», зӕгъгӕ? (1 Сам. 17:58) (w05 01.04. 32 ф., 1 абз., ирон.)
8. Давид Гефы паддзахӕй куыд фервӕзт, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Сам. 21:12, 13) (w05 01.04. 32 ф., 5 абз., ирон.)
9. Ионафан уарзондзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, йе ’мбал Давиды ’ххуыс куы бахъуыд, уӕд? (1 Сам. 23:17) (lv 32 ф., 10 абз., фиппаинаг, ирон.)
10. Саул дӕсныфӕрсӕгмӕ кӕй ацыд, уый тӕссаг цӕмӕй уыд, ӕмӕ мах нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм? (1 Сам. 28:8–19) (w05 01.04. 32 ф., 8 абз., ирон.)