Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/10 2 ф.
  • Кувын тынг ахсджиаг у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кувын тынг ахсджиаг у
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын!
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, уый фӕрцы йӕм ӕввахс кӕнӕм
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Хуыцаумӕ кув, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Нӕ бон кувын кӕй у, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 5/10 2 ф.

Кувын тынг ахсджиаг у

1. Цӕй фӕрцы у нӕ бон хъусын кӕнын?

1 Ӕрмӕст нӕхи хъаруты фӕрцы нӕ бон хорз хабар хъусын кӕнын нӕу. Уыцы хъуыддаджы нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕ (Фил. 4:13). Йӕ зӕдты нӕм ӕрвиты, цӕмӕй сӕрныллӕг адӕмы агурӕм (Рарг. 14:6, 7). Мах адӕмы зӕрдӕты рӕстдзинады нӕмгуытӕ ӕрмӕст таугӕ кӕнӕм ӕмӕ сыл дон кӕнӕм, рӕзын та сӕ Йегъовӕ кӕны (1 Кор. 3:6, 9). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдыл нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ йӕм кувӕм!

2. Цӕй тыххӕй ис кувӕн?

2 Нӕхи тыххӕй-иу кувӕм. Нӕ бон алцӕй тыххӕй дӕр у кувын (Еф. 6:18). Зӕгъӕм, цӕмӕй уацамынды ма тӕрсӕм ӕмӕ адӕммӕ нӕ фидӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цӕстӕй кӕсӕм (Ап. хъ. 4:29). Йегъовӕмӕ ма ис кувӕн, цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Адӕймаг нӕм уацамынды фарста куы ратта, уӕд-иу нӕхинымӕр цыбыртӕй скувӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ баххуыс кӕна раст дзуапп раттынӕн (Неем. 2:4). Кувӕм-иу зонды тыххӕй дӕр, ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ пълан кӕнын, цӕмӕй нын царды сӕйрагдӕр уа хъусын кӕнын (Иак. 1:5). Йегъовӕйӕн ма ӕхсызгон вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уыцы стыр кады тыххӕй йын бузныг куы фӕдзурӕм, уӕд (Кол. 3:15).

3. Иннӕты тыххӕй кӕй фӕкувӕм, уый уацамындыл хорзырдӕм куыд фӕзыны?

3 Иннӕты тыххӕй-иу кувӕм. «Кӕрӕдзийы тыххӕй» кувын дӕр тынг ахсджиаг у. Чи зоны, нӕ куывды хорз уаид нӕ хо кӕнӕ не ’фсымӕры ном дӕр зӕгъын (Иак. 5:16; Ап. хъ. 12:5). Кӕд де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон бирӕ хъусын кӕнын нӕу, уӕд та кув, ӕнӕниз чи у, уыдоны тыххӕй. Макуы-иу дызӕрдыг кӕнӕм, рӕстгӕнӕджы куывдӕн стыр тых кӕй ис. Раст ма уаид хицӕутты тыххӕй дӕр кувын, цӕмӕй нын нӕ уацамынды хъуыддаг ма къуылымпы кӕной ӕмӕ «нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын» (1 Тим. 2:1, 2).

4. Ӕппынӕдзух цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

4 Ӕнӕхъӕн зӕххы цъарыл хорз хабар фехъусын кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ «ӕппынӕдзух» куы кувӕм, уӕд ӕй Йегъовӕйы фӕрцы кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзыстӕм (Ром. 12:12).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын