Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2010 азы 25 октябрӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 6 сентябрӕй 25 октябрмӕ Скъолайы цы рацыдыстӕм, ууыл.
1. Паддзах Азарийы (Озийы) хабарӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? (2 Пад. 15:1–6) (w91 15.07. 29, 30 фф., уырыс.).
2. 2 Паддзӕхты 13:20, 21 стихты фыст диссаг ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дингӕнджыты стджытӕн табу кӕнын хъӕуы? (w05 01.08. 11 ф., 4 абз., ирон.).
3. Езеки Египетимӕ фидыды бадзырд скодта? (2 Пад. 18 сӕр) (w05 01.08. 11 ф., 6 абз., ирон.).
4. Йегъовӕйы тыххӕй афтӕ загъд цӕмӕн у, йӕ фӕндон «ӕххӕст кӕны», зӕгъгӕ? (2 Пад. 19:25) (w99 01.09. 7 ф., 3 абз., ирон.).
5. Манасси ӕнаххос адӕмы туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй цы ’рцыд? (2 Пад. 25:3, 4) (w05 01.08. 12 ф., 2 абз., ирон.).
6. Давид Йессейӕн ӕвдӕм фырт уыд? (1 Аз. 2:15) (w05 1.10. 9 ф., 1 абз., ирон.).
7. Нӕ бон куыд у рагон Галаады цӕрджыты бафӕзмын? (1 Аз. 5:10, 18–22) (w05 1.10. 9 ф., 7 абз., ирон.).
8. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм дуаргӕс левитты хабарӕй? (1 Аз. 9:26, 27) (w05 1.10. 9 ф., 8 абз., ирон.).
9. Давиды ӕртӕ ӕппӕты тыхджындӕр хӕстоны Авессӕйы кадджыныл куыд нымадтой? (1 Аз. 11:20, 21) (w05 1.10. 10 ф., 4 абз., ирон.).
10. 1 Азфысты 13:11 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Давид йӕхи куыд дардта, уый раст цӕуылнӕ уыди? (w05 1.10. 11 ф., 2 абз., ирон.).