Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Октябрь: брошюрӕтӕ. Адӕймаг хорз куы байхъуса, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Ноябрь: брошюрӕ «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?». Декабрь: архайут фыццаг бацыдӕй Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у». Январь: чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагӕн раттӕн ис чиныг «Хъус ӕппӕты хуыздӕр ахуыргӕнӕгмӕ». Февраль: чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у». Мартъи: архайут адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл.
◼ Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ цы сӕрмагонд раныхас вӕййы, уый 2011 азы ӕмбырдты дзурдзысты 25 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Раныхас цы хуыйны, уый фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр. Уыцы къуыри районон цӕстдарӕг цы ӕмбырды уа кӕнӕ конгресс кӕмӕн уа, уыдон уыцы раныхасмӕ байхъусдзысты иу къуыри фӕстӕдӕр. Сӕрмагонд раныхас 25 апрелӕй раздӕр иу ӕмбырды дӕр хъуамӕ ма уа.