Дӕ бон у зӕгъын: «Мӕнӕ ӕз!»?
1 Н. э. размӕ 778 азы ӕрцыд диссаджы хабар. Пехуымпар Исай цӕстылуайӕны федта, Йегъовӕ кӕй «бадти бӕрзонд ӕмӕ кадджын паддзахбадӕныл». Стӕй фехъуыста, серафимтӕ Йегъовӕйы кады тыххӕй куыд дзырдтой: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ!» Уый куыд диссаг хъуамӕ уыдаид! Уыцы рӕстӕджы Йегъовӕ радта ахсджиаг фарста: «Кӕй арвитон? Чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?» Уый цавӕр хӕслӕвӕрд уыд кӕнӕ, йӕ сӕххӕст кӕныныл чи сразы уыдаид, уымӕн цы пайда ӕрхастаид, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ Исай ӕнӕ уӕлдай ныхӕстӕй загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:1, 3, 8).
2 Йегъовӕйы адӕм хицӕн кӕнынц, цыдӕриддӕр сын зӕгъа, уый бакӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ кӕй вӕййынц, уымӕй (Пс. 110:3). Ӕмӕ ныр, йӕ бон зӕгъын кӕмӕн у, «мӕнӕ ӕз», зӕгъгӕ, уыдон тынг зӕрдиагӕй хуынд цӕуынц. Ды дӕр Исайау цӕттӕ дӕ ӕнӕзивӕгӕй разыйы дзуапп раттынмӕ?
3 Вефилы ӕдзухдӕр хъӕуы ӕфсымӕрты ӕххуыс. Цӕмӕй сӕ бон Вефилы лӕггад кӕнын уа, уый тыххӕй хъуамӕ Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрой ӕмӕ цӕттӕ уой, ӕппӕт дунейыл чи цӕуы, уыцы хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕраппонд алы куыст кӕнынмӕ дӕр (Матф. 6:33). Ӕцӕгӕй та адӕймаг Вефилы куы лӕггад кӕна, уӕд ын уыдзӕн диссаджы фадат Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн. Куыд?
4 Вефилы цы куыст кӕнынц. Ахъуыды-ма кӕн, Бруклины, Паттерсоны ӕмӕ Уолкиллы (АИШ, штат Нью-Йорк) не ’хсӕнадӕн цы агъуыстытӕ ис, уым ӕдзухдӕр цы куыст цӕуы, ууыл. Уыцы рӕтты лӕггад кӕны цалдӕр мин хойы ӕмӕ ӕфсымӕры. Уыдонӕн ис диссаджы фадат, цӕмӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» ӕмӕ йӕ Разамонӕг советӕн ӕххуыс кӕной Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ уадзынӕн. Мах ацы литературӕйӕ фӕпайда кӕнӕм уацамынды ӕмӕ, нӕхӕдӕг Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд дӕр (Матф. 24:45). Цӕвиттон, фарон Иугонд Штатты Вефилы бинонты иумӕйаг фыдӕбоны фӕрцы уагъд ӕмӕ ӕрвыст ӕрцыд дӕсгай милуан чиныджы, брошюрӕйы, сӕдӕгай милуантӕ та – журналтӕ. Бирӕ хъарутӕ ацӕуы, цӕмӕй публикацитӕн, «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм ныхӕстӕ ссарой» ӕмӕ, «ӕцӕг цы у, уый раст ныффыссой» (Еккл. 12:9, 10). Уымӕй уӕлдай ма разамынд лӕвӕрд цӕуы ӕппӕт дунейы цы 2 000 фылдӕр тӕлмацгӕнӕджы ис, уыдонӕн, цӕмӕй 500 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ литературӕ тӕлмац кӕной. Бирӕ арӕзт цӕуы, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр филиалты куыстӕн разамынд лӕвӕрд цӕуа, уыимӕ ма, Уӕрӕсейы филиал йӕ хъус цы ӕмбырдтӕм дары, уыдонӕн дӕр, сты 2 300 ӕмбырдӕй фылдӕр. Ӕххуыс ма кӕнынц, Вефилты ног агъуыстытӕн, Конгрессты залтӕн ӕмӕ Паддзахады залтӕн проекттӕ кӕм цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕм аразынц, уыцы филиалтӕн. Хъӕуы сӕдӕгай кусджытӕ, цӕмӕй Вефилты ӕххуыс кӕной литературӕ мыхуыр кӕнынӕн ӕмӕ йӕ ӕрвитынӕн, агъуыстытӕ ӕфснайынӕн, цалцӕг кӕнынӕн, хӕринаг кӕнынӕн, цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ ӕлхӕнынӕн, Вефилы лӕггадгӕнджыты ӕнӕниздзинадмӕ хъус дарынӕн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр куыстытӕн.
5 Кӕд дзы куыст бирӕ ис, уӕддӕр йӕ кӕнын ӕхсызгон у. Нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ хъарутӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъусын кӕныны ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддагӕн кӕй дӕттӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад. Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ бон у Йегъовӕйы организаци бирӕ хуыздӕр базонын. Уӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнут, псаломзарӕггӕнӕг израилӕгты куыд разӕнгард кодта, цӕмӕй хуыздӕр базыдтаиккой, сӕ рӕстӕджы Хуыцау зӕххыл йӕ разамынд дӕттынӕн цы бынат равзӕрста, уый (Пс. 48:12, 13).
6 Вефилы лӕггад кӕнын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон уыцы кадджын хӕсмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Ӕркӕс, Вефилы бинонтӕй ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр цы загътой, уымӕ. Вефилы ӕртӕ азы чи фӕлӕггад кодта, уыцы хо загъта: «Вефилы кӕй лӕггад кӕнын, уый руаджы Йегъовӕмӕ феввахсдӕр дӕн. Цас фылдӕр дзы лӕггад кӕнын ӕмӕ цас фылдӕр зонгӕ кӕнын Вефилы куыстимӕ, уыйас хуыздӕр зонгӕ кӕнын Йегъовӕимӕ. Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ ма бамбӕрстон, Йегъовӕ алыхуызон адӕймӕгтӕй кӕй пайда кӕны. Ӕмӕ дӕ цӕмӕй Йегъовӕ разы уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕххӕст адӕймаг ма уай».
7 Иу ӕрыгон ӕфсымӕр та загъта: «Мӕ зӕрдыл лӕууы, мӕхинымӕр-иу куыд хъуыды кодтон: „Куыд хорз уаид ног дунемӕ бахауын, ӕмӕ рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн радзурын, мӕ цард ӕхца кусынӕн нӕ, фӕлӕ Вефилы лӕггад кӕнынӕн кӕй снывонд кодтон, уый тыххӕй“».
8 Ӕндӕр ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ удыхъӕд Вефилы куыд фӕивта, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Вефилы мӕхи хуыздӕр базыдтон, базыдтон ма цавӕр миниуджытыл мӕ хъуыди кусын, уый дӕр, ӕмӕ сыл стӕй мӕ бон уыд кусын. Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уыдаид. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ныр Йегъовӕйӕн мӕ бон у хуыздӕр лӕггад кӕнын. Фӕхатыдтӕн ӕй, фӕразондӕр кӕй сдӕн, мӕхиуыл тынгдӕр хӕцын мӕ бон кӕй у ӕмӕ сахуыр дӕн, иннӕты кӕй уарзын, уый ӕргомдӕр ӕвдисын».
9 Иу хо та йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй загъта: «Вефилы нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы программӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы хуыздӕр базыдтон Йегъовӕйы. Хуыздӕр ма базыдтон, мӕ бон куыд у Йегъовӕйы мӕ хъуыдытӕй, ме ’нкъарӕнтӕй ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕй фӕзмын. Вефилы нӕ ӕдзухдӕр кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр дӕн арфӕдзинӕдтӕй хайджын».
10 Иу ӕфсымӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны 59 азы, уыдонӕй 43 азӕй фылдӕр Вефилы, ӕмӕ афтӕ загъта: «Вефил монастырь нӕу, чидӕртӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ. Бирӕ нын ӕнтысы, алцыдӕр графикмӕ гӕсгӕ кӕй аразӕм, уый руаджы. [...] Нырма ахӕм бон нӕ уыд, цӕмӕй куыстмӕ ӕрбацӕуон ӕмӕ мӕ куыстӕй райгондӕй ма баззайон. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхи ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйӕн куы ратты, уӕд ын уый циндзинад ӕрхӕссы, уымӕн ӕмӕ зоны, „йӕ хӕс цы уыд, уый [кӕй] бакодта“» (Лук. 17:10).
11 Иннӕ ӕфсымӕр та, Вефилы 62 азы чи фӕлӕггад кодта, загъта: «Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, ныртӕккӕ, фидӕны зӕххон Дзӕнӕты размӕ, Вефил зӕххыл ӕппӕты хуыздӕр бынат кӕй у, ууыл. Ӕппындӕр никуы фӕфӕсмон кодтон, мӕ царды сӕйраг нысан ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй уыд, ууыл. Куыд ӕхсызгон у, Йегъовӕйы зӕххон организаци куыд рӕзы, уый уынын ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын! Кӕд мын Йегъовӕ бар ратта, уӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй Вефил дарддӕр дӕр мӕ хӕдзар уа ӕмӕ Паддзахады хъуыддагӕн мӕхи ӕгасӕй дӕр раттон».
12 Ацы вефилӕгтӕ радзырдтой, адӕймаг йӕхи Вефилы лӕггад кӕнынӕн куы ратты, уӕд цы арфӕдзинӕдтӕй вӕййы хайджын, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕры тыххӕй. Фӕлӕ дын цӕмӕй исты чырыстон хӕстӕ бабар кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ бӕлвырд домӕнтӕн дӕттай дзуапп, ӕмӕ афтӕ у Вефилы хъуыддаг дӕр. Уӕдӕ цӕмӕй адӕймаджы Вефилмӕ фӕхоной, уый тыххӕй йӕ цы хъӕуы?
13 Домӕнтӕ Вефилы лӕггад кӕнынӕн. Вефилы лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны сӕйраджыдӕр цы хъӕуы аразын, уый тыххӕй ныхас цӕуы рамкӕйы. Уымӕй уӕлдай ма ахсджиаг у, цӕмӕй уыдон фылдӕр уарзой «ирхӕфсӕнтӕ» нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй кусын (2 Тим. 3:4; 1 Кор. 13:11). Вефилы бинонтӕн хъуамӕ уа фидар уырнындзинад, хъуамӕ ӕдзух Библи иртасой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ахуыр уа, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» (Дзут. 5:14). Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ кӕй сты, уый хъуамӕ ныр дӕр бӕрӕг уа сӕ царды алцӕмӕйдӕр, уыимӕ сӕ дарӕсӕй, се ’ддаг бакастӕй, цавӕр музыкӕмӕ хъусынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитынц, уымӕй. Вефилы лӕггадгӕнджытӕ цӕттӕ сты цыфӕнды куыст кӕнынмӕ дӕр. Вефилы ӕрыгондӕр лӕггадгӕнджытӕн фылдӕр хатт бахӕс кӕнынц, хъарутӕ кӕм хъӕуы, ахӕм куыст, зӕгъӕм, литературӕ мыхуыр кӕнын ӕмӕ йӕ ӕрвитын, цалцӕг кӕнын, ӕфснайын, гӕрстӕ ӕхсын ӕмӕ хӕринаг кӕнын (Ӕмб. 20:29). Ӕнӕуи куыстӕй хъауджыдӕр дзы, алы куыст дӕр циндзинад хӕссы, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнынц (Кол. 3:23).
14 Вефилмӕ кӕй фӕхоной, уый дзы ӕппынкъаддӕр хъуамӕ баззайа афӕдзы бӕрц. Уый йын фадат дӕтты, цӕмӕй сахуыр уа хорз кусын. Ныфс нӕ ис, Вефил алкӕмӕн дӕр хи хӕдзары хуызӕн кӕй суыдзӕн. Вефилы бинонтӕ Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый тыххӕй сӕ фӕнды Паддзахады хъуыддаг сӕхи хъуыддӕгтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын, ӕмӕ уый та Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у (Матф. 16:24).
15 Ныртӕккӕ чи хъӕуы. Вефилы ныртӕккӕ фылдӕр хъӕуы ӕнӕус ӕфсымӕртӕ. Кӕд уый домӕн нӕу, уӕддӕр фыццаджыдӕр фӕхонынц ӕххӕстрӕстӕг пионерты. Хатт фӕхонынц, 19 азӕй 35 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕнӕцыд хоты ӕмӕ къайты дӕр, сӕ дӕсниад Вефилы куы фӕхъӕуы, уӕд. Фӕлӕ мах никӕй разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй ма скъолайы фӕстӕ цавӕрдӕр дӕсниад райса, ӕмӕ йын афтӕмӕй фылдӕр фадӕттӕ фӕзына Вефилмӕ бахауынӕн. Чи зоны, чидӕр, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ цавӕрдӕр дӕсниад райста. Ахӕм чырыстӕттӕн сӕ бон у уый тыххӕй лӕмбынӕгдӕр ныффыссын, ӕмӕ гӕххӕтт анкетӕимӕ арвитын.
16 Кӕд анкетӕ арвыстай, фӕлӕ дӕ Вефилмӕ нӕма фӕхуыдтой, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ бон у алы аз дӕр ног анкетӕ дзаг кӕнын. Вефилы цы куыст бахъӕуы, уымӕ ӕфсымӕртӕй чи фӕарӕхсы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сразы вӕййынц рӕстӕгмӕ балӕггад кӕныныл. Сӕ бон у анкетӕ байдзаг кӕнын ӕмӕ дзы бацамонын, сӕ бон кӕй у иу, дыууӕ, ӕртӕ, цыппар къуырийы кӕнӕ суанг ӕртӕ мӕйы дӕр балӕггад кӕнын. Кӕд искӕй фӕнды ахӕм хуызы баххуыс кӕнын, уӕд ӕмбырды секретармӕ ис, рӕстӕгмӕ лӕггад кӕнынӕн кӕй ис байдзаг кӕнӕн, ахӕм анкетӕтӕ. Кӕд ма уӕ ноджыдӕр хъӕуа анкетӕтӕ, уӕд сӕ ис сзаказ кӕнӕн нӕ сайт jw.org-ы уылты.
17 Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн цы фадат ис, ахӕм фадат никӕмӕн ис – Йегъовӕйӕн Чырыстийы ӕфсымӕртимӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын. Разамонӕг совет аргъ кӕны, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн лӕггад кӕныны тыххӕй йӕхиуыл чи нӕ ауӕрды ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕнӕзивӕгӕй чи кӕны, уыдонӕн (Флп. 2:20–22; 2 Тим. 4:11).
18 Ӕрыгӕттӕ, уӕхи ныр райдайут цӕттӕ кӕнын Вефилы лӕггад кӕнынмӕ. Вефилы лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнын райдайын хъӕуы, адӕймагыл цалынмӕ 19 азы сӕххӕст уа, уымӕй бирӕ раздӕр. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у сӕхи Вефилы лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнын? Йесо загъта: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн» (Лук. 14:28). Кӕд исты агъуыст аразгӕйӕ алцыдӕр хъӕуы рагацау бацӕттӕ кӕнын, уӕд куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, фидӕны Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕндзысты, ууыл! Сӕ размӕ цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтой, уыдон цӕмӕй сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй хъуамӕ суанг се ’рыгон бонтӕй райдайой фидар бындур ӕвӕрын. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн: ды дӕр фидар бындур ӕвӕрыс? Кӕд дӕ фӕнды Вефилы лӕггад кӕнын, уӕд лӕмбынӕг ӕркӕс дӕлдӕр лӕвӕрд уынаффӕтӕм, ӕмӕ дын баххуыс кӕндзысты.
19 Ацы кадджын хӕс куыд ӕххӕст кӕнӕм. Матфейы 19:12 куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Йесо, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бинонтӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыдоны разӕнгард кодта: «Кӕмӕн у йӕ бон афтӕ бакӕнын, уый афтӕ бакӕнӕд». Цӕмӕн? Сӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ «уӕларвон паддзахады тыххӕй». Уымӕ ма разӕнгард кодта Павел дӕр, цӕмӕй чырыстӕттӕ «ӕдзухдӕр Хицауӕн лӕггад кӕной, мацы сӕ хъыгдара, афтӕмӕй» (1 Кор. 7:32–35). Хъыгагӕн, иуӕй-иу ӕфсымӕртӕм не ’рхауы уыцы кад, цӕмӕй Вефилы лӕггад кӕнын райдайой, ӕрыгонӕй бинонтӕ кӕй скӕнынц, уый тыххӕй. Фӕнды нӕ не ’рыгон ӕфсымӕрты сразӕнгард кӕнын, цӕмӕй сӕ хъарутӕ иууылдӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ саразой, цалынмӕ хӕдзары хицауы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕй сӕрибар сты, уӕдмӕ. Ӕмӕ кӕд цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ сфӕнд кӕной ус ракурын, уӕд сӕ рауайдзӕн хорз цардӕмбӕлттӕ, уымӕн ӕмӕ бинонты царды дӕр ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы дӕр уыдзысты бирӕ фӕлтӕрдджындӕр. Иуӕй-иутӕ цалдӕр азы Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ скодтой бинонтӕ, ӕмӕ ныр уым иумӕ лӕггад кӕнынц. Кӕд сын фӕстӕдӕр фӕзына ӕндӕр искуы лӕггад кӕныны фадат, зӕгъӕм, цӕугӕ цӕстдарджытӕй кӕнӕ миссионертӕй, уӕддӕр никуы фӕфӕсмон кӕндзысты, Вефилы кӕй лӕггад кодтой, ууыл.
20 Ӕхца дӕ йӕ фӕдыл ма асайӕд. Ӕрыгӕттӕй алчидӕр хъуамӕ йӕхимӕ ратта фарста: «Скъола каст куы фӕуон, уӕд мӕ рӕстӕг цӕмӕн дӕтдзынӕн – цавӕрдӕр куыстӕн ӕви Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн?» Дыккаг куы равзарай, уӕд дӕ бахъӕудзӕн дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Куыст дӕ царды фыццаг бынат куы уа, уӕд дӕр афтӕ уыдзӕн! Фӕлӕ дын дзы кӕцы ӕрхӕсдзӕн ӕнусон пайда? Йесо уымӕн радта бӕлвырд дзуапп. Матфейы 6:19–21 гӕсгӕ уый загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут – ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, стӕй сӕм давджытӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц. Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм давджытӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц. Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр». Уӕдӕ афтӕ макуы рауайӕд, цӕмӕй, дунейы цӕмӕ тырнынц, мах дӕр уымӕ кӕнӕ ӕхцамӕ тырнӕм, фӕлӕ уый бӕсты Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Алчидӕр нӕ хъуамӕ ӕмбара, Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынӕн ӕрмӕстдӕр иу «хӕзна» кӕй хъӕуы агурын – Йегъовӕимӕ хорз ахастытӕ (Ӕмб. 27:11). Цалынмӕ ӕрыгӕттӕ стӕм, уӕдмӕ нӕ царды фыццаг бынаты Йегъовӕйы куы ӕвӕрӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, сӕйрагдӕр нын цы у ӕмӕ нын Хуыцауы Паддзахад цас ахсджиаг у, уый. Дӕ зӕрдыл дар, «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Ӕмб. 10:22). Ӕрыгӕттӕн ис диссаджы фадат сӕ зӕрдӕты фӕндтӕ равдисынӕн, ома сын Йегъовӕ цы радта, уый бафидынӕн. Уыцы хъуыддӕгтӕ йӕ къухы кӕмӕн бафтынц, уыдонӕн сӕ бон у Вефилы лӕггад кӕнын.
21 Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон хъуамӕ уой хӕрзӕгъдау. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Ӕрыгон лӕппуйӕн йӕ фӕндаг сыгъдӕг кӕд уыдзӕн?» Стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Йӕхи куы хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ [Йегъовӕйы] ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд» (Пс. 119:9). Уый ма нысан кӕны Сайтаны дунейы ӕнӕгъдаудзинадӕй хи хизын дӕр. Сайтан ӕрыгон чырыстӕттӕн цы къӕппӕджытӕ ӕвӕры, цӕмӕй сын чырыстон фӕндагыл размӕ цӕуын ма ӕнтыса, уыдонӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕ сты: порнографи Интернеты, хӕлд митӕ, ӕнӕгъдау музыкӕ, адӕймаджы ӕгадгӕнӕг хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ фыднозт кӕнын. Уыцы митӕй хи хизынӕн хъӕуы фидардзинад. Кӕд ӕрыгон чызг кӕнӕ лӕппу дӕ ӕмӕ исты ахӕм хъуыддагыл бафтыдтӕ, уӕд аныхас кӕн де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ, ӕмӕ цалынмӕ Вефилы лӕггад кӕнынмӕ анкетӕ нӕ байдзаг кӕнай, уӕдмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадз. Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн хъуамӕ ӕнӕмӕнг уа сыгъдӕг цӕсгом (1 Тим. 1:5).
22 Ахуыр кӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл. Цӕмӕй дын Вефилы лӕггад кӕнын циндзинад хӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ахуыр кӕнай. Уӕрӕсейы Вефилы бинонты ’хсӕн ис, алыхуызон уавӕрты чи схъомыл, ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, цалдӕр сӕдӕйӕ фылдӕр. Ӕмӕ кӕд Вефил алыхуызон адӕймӕгтӕй фидауы, уӕддӕр дзы хаттӕй-хатт фӕзыны зындзинӕдтӕ дӕр. Кӕд дӕ фӕнды Вефилы лӕггад кӕнын, уӕд хорз уаид, куы ахъуыды кӕнис: «Иннӕтӕ мемӕ разы куы нӕ вӕййынц, уӕд мын уый хъыг вӕййы? Иннӕтӕ мӕ ӕнцондзырд адӕймагыл нымайынц?» Кӕд дӕ хъӕуы уыцы хъуыддаджы исты фӕхуыздӕр кӕнын, уӕд райдай архайын. Афтӕмӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн Вефилы бинонтимӕ цӕрын ӕмӕ лӕггад кӕнын.
23 Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнгӕйӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суай. Хорз график скӕн Библи иртасынӕн ӕмӕ Библи алы бон дӕр кӕсынӕн дӕр. Хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕн. Уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уындзӕн (1 Тим. 4:15). Ӕвӕдза, абон йӕхи ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдонмӕ цы диссаджы фадӕттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы!
24 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты цӕттӕ кӕнут. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын? Йесо загъта: «Алцыдӕр кӕмӕн бацамоной, уый суыдзӕн йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн» (Лук. 6:40). Иттӕг хорз кӕй сахуыр кодтой, ахӕм ахуыргӕнинагмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕзыны йе ’нувыд ахуыргӕнӕджы хорз миниуджытӕ. Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куы ахуыр кӕной, «цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уой», уӕд хъуамӕ уыцы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл дарой (1 Тим. 4:7). Ныййарджытӕ чырыстон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй фӕкӕсынц, сывӕллӕттӕ дӕр уый кӕй фӕфӕзмынц, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной: «Цымӕ нӕхӕдӕг аргъ кӕнӕм, Йегъовӕйы хъуыддаджы тыххӕй Вефилы цы куыст кӕнынц, уымӕн? Йегъовӕ Вефилты куыстӕн кӕй арфӕ кӕны, уый ӕмбарӕм? Мыййаг, афтӕ хъуыды кӕнӕм, нӕ сывӕллӕттӕн царды мидӕг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис?» Нӕхӕдӕг Вефилы лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ дзы цы куыст кӕнынц, уымӕн зӕрдиагӕй куы аргъ кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ сывӕллӕтты дӕр уымӕн аргъ кӕнын сахуыр кӕнӕм.
25 Елхъан ӕмӕ Аннӕ тынг аргъ кодтой раст динӕн. Уыдон чырыстон ныййарджытӕн ныууагътой диссаджы цӕвиттон. Рагон Израилы-иу ӕрмӕстдӕр израилаг нӕлгоймӕгты хъуыди афӕдз ӕртӕ хатты кувӕндонмӕ «ӕцӕг Хицау Йегъовӕйы размӕ» бацӕуын. Елхъан та-иу уырдӕм йӕ бинонтимӕ цыд «алы аз дӕр» 30 километрӕй фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, къахӕй, цӕмӕй-иу Йегъовӕйӕн кувӕндоны нывонд ӕрхастаид (Рац. 23:17; 1 Сам. 1:3, 4, 9, 19; 2:19). Бӕрӕг у, Елхъаны кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ бинонтӕ иууылдӕр йемӕ Хуыцауы хъуыддаджы архайдтаиккой.
26 Аннӕ дӕр йӕ лӕгау раст диныл уыд ӕнувыд. Аннӕ ӕмбӕрста, раст дины тыххӕй кувӕндоны цыдӕр кӕй хъуамӕ арӕзтаид, уый. Ӕмӕ расомы кодта, кӕд ын Йегъовӕ фырт ратта, уӕд ӕй кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн кӕй ратдзӕн (1 Сам. 1:11). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ лӕгӕн уыд бар, цӕмӕй-иу, йӕ ус куы нӕ ахъуыды кодтаид, афтӕмӕй-иу дзырд куы радтаид, уӕд ын йӕ дзырд аивтаид (Ным. 30:6–8). Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй Елхъан Аннӕйы дзырдыл разы уыд (1 Сам. 1:22, 23).
27 Цымӕ Самуилӕн йӕ ныййарджытӕ раст динӕн афтӕ кӕй аргъ кодтой, уый йыл нӕ бандӕвта? Куыннӕ. Самуил гыццылӕй ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, ӕмӕ йӕ цӕттӕ кодтой, цӕмӕй стырӕй, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, йӕхимӕ райстаид кадджын хӕстӕ. Ӕмӕ Самуилӕн уыцы хӕстӕ лӕвӕрд куы ӕрцыдысты, уӕд дӕр ын Елхъан ӕмӕ Аннӕ йӕ лӕггадмӕ сӕ хъус дардтой. Уыдон ӕм ӕдзухдӕр цыдысты, цӕмӕй йӕ фидар кодтаиккой ӕмӕ йын ӕххуыс кодтаиккой ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн (1 Сам. 2:18, 19).
28 Елхъан ӕмӕ Аннӕ цӕй диссаджы цӕвиттон ныууагътой чырыстон ныййарджытӕн! Нӕ сывӕллӕттӕ куы хъусой, Вефилы лӕггад кӕныны фадатӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ куы уыной, Паддзахады хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайӕм, уый, уӕд уыдоны дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ бафӕнддзӕн иннӕтӕн лӕггад кӕнын. Ныййарджытӕй бирӕтӕ ӕнтыстджынӕй архайынц, цӕмӕй ахӕм хорз хъуыдытӕ фӕзына сӕ сывӕллӕттӕм. Иу 7-аздзыд чызг ныффыста: «Куы сыстыр уон, уӕд ацӕудзынӕн Вефилмӕ, ӕмӕ уым 1) алыхуызон чингуытӕ мыхуыр кӕндзынӕн; 2) нывтӕ кӕм кӕнынц, уым кусдзынӕн ӕмӕ 3) хуыссӕны цъӕрттӕ рӕсугъд тухдзынӕн. Уӕлдай мын нӕу, цыфӕнды куыст дӕр уӕд». Нӕ сывӕллӕтты ӕнӕзивӕгӕй архайын кӕй фӕфӕнды, уый куыд ӕхсызгон вӕййы!
29 Ӕрыгӕттӕ, рох уӕ ма уӕд, «дуне дӕр [кӕй] фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоан. 2:17). Дарддӕр дӕр уӕ размӕ ӕвӕрут нысӕнттӕ ӕмӕ сӕм тырнут, уыимӕ тырнут Вефилы лӕггад кӕныны диссаджы фадатмӕ дӕр. Сымах та, ныййарджытӕ, фӕзмут рагзаманты цӕрӕг иузӕрдион ныййарджыты – сӕ сывӕллӕттӕ цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уыдаиккой, уымӕ сӕ чи разӕнгард кодта, уыдоны (2 Пет. 3:11). Мах та не ’ппӕт дӕр, нӕ тых нӕ бонӕй не ’рыгон хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕной нӕ диссаджы Сфӕлдисӕгӕн, уымӕн ӕмӕ «уымӕй кӕнгӕ у сӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр» (1 Тим. 4:8; Еккл. 12:1).
[Рамкӕ 4 фарсыл]
Сӕйраг домӕнтӕ Вефилы лӕггад кӕнынӕн
● Аргъуыд хъуамӕ уай ӕппынкъаддӕр иу аз
● Хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзай Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организаци
● Хъуамӕ дын уа фидар уырнындзинад ӕмӕ уай ӕнӕниз
● Хъуамӕ зонай уырыссагау хорз кӕсын, фыссын ӕмӕ дзурын
● Хъуамӕ дыл цӕуа 19 азӕй 35 азы онг