Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Брошюрӕ «Едемы цӕхӕрадон. Ӕцӕг хабар у ӕви ӕрымысгӕ?». Бакӕс Райдиан 2:16, 17. Уый фӕстӕ зӕгъ: «Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Хуыцау зыдта, Адам ӕмӕ Евӕ кӕй фӕрӕдидзысты. Иннӕтӕ та зӕгъынц, хабар куыд рауайдзӕн, уый кӕд Хуыцау зыдта, уӕд ма йӕ цӕмӕн бафӕдзӕхста. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы брошюрӕйы 13 фарсыл фыст ис, Хуыцау фидӕны цы уыдзӕн, уый фӕзоны ӕви нӕ».
Брошюрӕ «Иумӕ цӕрӕнбонтӕм. Цӕй фӕрцы?». «Абон тынг бирӕтӕ ахицӕн вӕййынц. Куыд дӕм кӕсы, цӕмӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Бирӕ къӕйттӕн баххуыс кодта мӕнӕ ацы уынаффӕ. [Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:24.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ арӕхдӕр цӕмӕй фӕхъаст кӕнынц, ӕхсӕз ахӕм хъуыддагыл ӕмӕ нын Библи куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл».