Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2011 азы 28 февралӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 3 январӕй 28 февралмӕ Скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыд, уыдоныл.
1. Езеки куыддӕр паддзах сси, афтӕ цы сарӕзта ӕмӕ йӕ абон махӕн нӕ бон бафӕзмын куыд у? (2 Аз. 29:16–18) (w09 15.06. 9 ф., 13 абз., ирон.).
2. 2 Азфыстыты 34:1–3 стихтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w05 1.11. 11 ф., 5 абз., ирон.).
3. Иерусалимы 70-азон заууаты рӕстӕг растдӕр йӕ афоныл кӕй фӕцис, уый Ездрӕйы 3:1–6 стихтӕй куыд зыны? (w06 01.01. 11 ф., 3 абз., ирон.).
4. Ездрӕ куы базыдта, дзуттӕгтӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй устытӕ кӕй кодтой, уӕд арвыцӕфау цӕмӕн фӕци? (Езд. 9:1–3) (w06 01.01. 12 ф., 1 абз., ирон.).
5. Фекойӕгты «кадджынтӕй», кӕнӕ «уӕздӕттӕй», уӕлдай махмӕ цавӕр зондахаст хъуамӕ уа? (Неем. 3:5, 27) (w06 01.02. 18 ф., 1 абз., ирон.).
6. Чырыстон цӕстдарджытӕн Нееми фӕзминаг цӕмӕй у? (Неем. 5:14–19) (w06 01.02. 18 ф., 4 абз., ирон.).
7. Иерусалимы йӕхи фӕндӕй чи ӕрцард, уыдон нын фӕзминаг цӕмӕй сты? (Неем. 11:2) (w06 01.02. 19 ф., 6 абз., ирон.).
8. Хуыцауы Закъоны сӕрты чи ахызт, уыцы иудейтӕн Нееми кӕй бауайдзӕф кодта, уымӕй дарддӕр ма цы сарӕзта? (Неем. 13:25, 28) (w06 01.02. 19 ф., 3 абз., ирон.).
9. Есфир паддзахимӕ хӕтгӕ кодта? (Есф. 2:14–17) (w06 01.03. 9 ф., 3 абз., ирон.).
10. Мардохей-иу Аманы раз йӕ зонгуытыл цӕуылнӕ ӕрхауд? (Есф. 3:2; 5:9) (w06 01.03. 9 ф., 4 абз., ирон.).