Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/11 8 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
km 4/11 8 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ май: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕтӕ. Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ бацӕуыныл бацархай, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Майы нӕ хъарутӕ уӕлдай тынгдӕр сараздзыстӕм, цӕмӕй апарахат кӕнӕм брошюрӕ «6 хабары Библийӕ. Ӕххӕст кӕнынц дӕ цӕстыты раз». Июнь: бацархайут искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Ис ма дӕттӕн чингуытӕ «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг» кӕнӕ «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.

◼ Облӕстон конгрессы хӕдразмӕ, ӕмбырдтӕн сӕ бон уыдзӕн Хъусын кӕныны фембӕлды программӕ фӕивын, цӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, конгрессы фӕдыл цы уынаффӕтӕ ӕмӕ зӕрдылдаринӕгтӕ ис, уыдон. Конгрессӕй иу-дыууӕ мӕйы куы рацӕуа, уӕд уӕ бон у уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, конгрессы программӕйӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ лӕггады цы баххуыс кодта, уый. Равзарӕн ӕй ис «Ӕркӕсинаг фарстаты» бӕсты.

◼ 2011 азы апрелӕй ӕмбырдтӕм ӕрвитын райдайдзысты облӕстон конгрессӕн плакеткӕтӕ. Заказ кӕнын сӕ нӕ хъӕуы. Ӕмбырды искӕй плакеткӕ ӕвӕрӕнтӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ хъӕудзӕн заказ скӕнын.

◼ Майӕ фӕстӕмӕ алы ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ дӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй алы мӕйы фыццаг сабаты искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой. Уыцы хъуыддаджы сын тынг баххуыс кӕндзӕн, уаргӕ цы брошюрӕ фӕкӕнӕм, уым цы рубрикӕ ис, уый, «Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон», зӕгъгӕ. «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фӕстаг фарсыл алы мӕй дӕр уыдзӕн цӕвиттонтӕ, брошюрӕтӕ куыд ис раттӕн, уый тыххӕй, афтӕ ма, нӕ бон искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куыд у райдайын, уый тыххӕй дӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын