Дӕ бон у хуыцаубонты хъусын кӕнын?
1. Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
1 Сабатбон-иу Филиппты цӕрӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕ кодтой улӕфгӕ. Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ цы уацамындон балцыты уыдысты, уыдонӕй иуы бабӕрӕг кодтой уыцы горӕт дӕр. Ӕмӕ йӕ зыдтой, сабатбон улӕфгӕ нӕ, фӕлӕ хъусын кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕ ныхмӕ кӕй ничи ницы сдзурдзӕн. Зыдтой ма, дзуттӕгтӕ-иу горӕты ӕдде кувынмӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ уыцы фадатӕй спайда кодтой, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кодтаиккой. Куыд цин кодтаиккой Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ, Лидийӕ сӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд кӕй райстой, ууыл! (Хъуыд. 16:13–15). Абон та бирӕтӕ фӕулӕфынц хуыцаубоны. Уымӕ гӕсгӕ хорз нӕ уаид, мах дӕр-иу хуыцаубоны иу-цалдӕр сахаты уацамынды куы ацӕуиккам?
2. Йегъовӕйы адӕм цавӕр зындзинӕдты сӕрты ахызтысты, цӕмӕй сӕ бон суыдаид хуыцаубонты ӕнӕкъуылымпыйӕ хъусын кӕнын?
2 Тох кодтой, цӕмӕй хуыцаубонты хъусын кодтаиккой. 1927 азы Йегъовӕйы адӕмы разӕнгард кодтой, цӕмӕй-иу алы хуыцаубоны дӕр цалдӕр сахаты хъусын кодтаиккой. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты. Америкӕйы Иугонд Штатты дзы бирӕты ахсгӕ дӕр ӕркодтой, зӕгъгӕ, хуыцаубон закъонмӕ гӕсгӕ улӕфты боныл нымад у, ӕмӕ уыцы закъон халынц, стӕй адӕмы ӕнцад нӕ уадзынц ӕмӕ литературӕ ӕнӕ лицензийӕ уӕй кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм уӕддӕр сӕ къухтӕ не ’руагътой. 1930 азты Йегъовӕйы адӕм скодтой «хъусынгӕнджыты къордтӕ». Уыцы къорды фӕрцы-иу сыхаг ӕмбырдтӕ нысангонд территори бакуыстой. Ӕфсымӕрты-иу цы горӕты ӕрцахстой, уыцы горӕтмӕ-иу иуӕй-иу хатт уыйбӕрц хъусынгӕнджытӕ ӕрцыд, ӕмӕ-иу хицӕуттӕн сӕ бон ницыуал уыди бакӕнын. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕ бирӕ бафыдӕбон кодтой, цӕмӕй хуыцаубонты ӕнӕкъуылымпыйӕ хъусын кодтаиккой.
3. Хуыцаубон уацамынды цӕуынӕн хорз цӕмӕн у?
3 Диссаджы бон хъусын кӕнынӕн. Бирӕтӕ хуыцаубон нӕ фӕкусынц ӕмӕ вӕййынц хӕдзары. Улӕфты бон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕм арӕхдӕр вӕййынц сӕ чемыл. Аргъуанмӕ чи цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хуыцаубоны ӕхсызгондӕрӕй фӕныхас кӕнынц Хуыцауы тыххӕй. Ӕмбырд нын хуыцаубоны куы уа, уӕд ныл цы дарӕс уа, уый мидӕг ис хъусын кӕнынмӕ дӕр цӕуӕн. Уӕдӕ хорз нӕ уаид, уацамынды куы цӕуиккам ӕмбырды размӕ кӕнӕ йӕ фӕстӕ? Дӕ бон у демӕ иугыццыл хӕринаг дӕр рахӕссын.
4. Хуыцаубоны цалдӕр сахаты куы хъусын кӕнӕм, уӕд цы банкъардзыстӕм?
4 Хуыцаубоны цалдӕр сахаты куы хъусын кӕнӕм, уӕд ма нын улӕфынӕн дӕр рӕстӕг баззайдзӕн. Ӕмӕ дӕ улӕфт баххӕст уыдзӕн, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, уымӕй (Ӕмб. 19:23). Чи зоны ма нӕм ахӕм хорзӕх дӕр ӕрхауа, ӕмӕ Лидийӕйы хуызӕн адӕймаджы ссарӕм!