Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2011 азы 27 июнӕй райдайгӕ къуырийы. Скъолайы цӕстдарӕг 20 минуты ныхас кӕндзӕн, 2 майӕ 27 июнмӕ Скъолайы цы хӕслӕвӕрдтӕ уыд, уыдоныл.
1. Иов 40:1–4 фыст ныхӕстӕ нын зондзонӕн куыд сты? (w06 1.4, 16 ф., 5 абз.).
2. Чырыстӕттӕ абон «рӕстдзинады нывӕндтӕ» куыд хӕссынц? (Пс. 4:5 [4:6]) (w06 1.6, 8 ф., 8 абз.).
3. Давидӕн йӕ «уыргтӕ» зонд куыд амыдтой? (Пс. 16:7, фип.) (w04 1.12, 24 ф., 9 абз.).
4. «Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ у? (Пс. 19:1) (w04 1.10, 20 ф., 8 абз.).
5. Ныфс хъӕбатырдзинадимӕ баст кӕй у, уый тыххӕй Псаломы 27:14 цы фыст ис? (w06 1.10, 28, 29 фф., 3, 6 абз.).
6. Псалом 37:21 цы фыст ис, уый куыд хъуамӕ ӕндава нӕ ахастытыл не ’фсымӕртимӕ? (w01 1.7, 10 ф., 15 абз.; w89-U 15.1, 17 ф., 8 абз.).
7. Уацары чи уыди, уыцы левитӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Пс. 42:1–3 [41:1–4]) (w06 1.6, 30 ф., 10 абз.).
8. Псаломы 50:20 цы фыст ис, уый нын зондзонӕн куыд у? (w06 1.6, 31 ф., 4 абз.).
9. Цавӕр «хицауиуӕггӕнӕг Уд» кӕнӕ «коммӕгӕс зӕрдӕйы уаг» (НД) куырдта Давид? (Пс. 51:12 [50:14]) (w06 1.6, 31 ф., 7 абз.).
10. Хуыцауы хӕдзары сагъд пӕлӕхсар оливӕбӕласы хуызӕн кӕд уыдзыстӕм? (Пс. 52:8 [51:10]) (w06 1.6, 32 ф., 5 абз.).