Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Сентябрь: бацархайут фыццаг бацыды рӕстӕг Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайыныл. Адӕймаг куы нӕ сразы уа Библи ахуыр кӕныныл, уӕд ын раттӕн ис чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Октябрь: брошюрӕ «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг». Адӕймаг куы бацымыдис кӕна, уӕд йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн ис трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?»-йы фӕрцы. Ноябрь: «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?», стӕй, июль ӕмӕ августы цы 32-фарсон брошюрӕтӕ парахат кодтам, уыдон. Декабрь: бацархайут фыццаг бацыды рӕстӕг Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайыныл. Адӕймаг куы нӕ сразы уа Библи ахуыр кӕныныл, уӕд ын раттӕн ис, дзуапп цы фарстайӕн агуры, уый фӕдыл зӕронд брошюрӕ.
◼ 2012 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл сӕрмагонд раныхас уыдзӕн 2 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Раныхас цы хуыйны, уый фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр. Сӕрмагонд раныхас Ӕрымысӕн изӕрӕй раздӕр иу ӕмбырды дӕр хъуамӕ ма уа.
◼ Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕркӕсой 1991 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 21–23 фӕрстыл (уыр.) лӕвӕрд уынаффӕтӕм; уыцы уынаффӕтӕ сты, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ ӕмбырд чи ныууагъта, ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхын кӕй фӕнды, уыдоны тыххӕй.
◼ 2012 азы мартъийы ӕххуысгӕнӕг пионерӕй чи лӕггад кӕна, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн хъусын кӕнын 30 кӕнӕ 50 сахаты. Уымӕй уӕлдай ма, мартъийы районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд ӕххуысгӕнӕг пионерты се ’ппӕты дӕр хъуамӕ фӕхона, районон цӕстдарӕгӕн ӕххӕстрӕстӕг пионертимӕ цы фембӕлд вӕййы, уымӕ, ӕххуысгӕнӕг пионертӕ фӕнды 30 сахаты хъусын кӕной фӕнды 50 сахаты, уӕддӕр.
◼ Сентябрӕй районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдты кӕсдзысты раныхас «Дӕхи Хуыцауы амондджын адӕмыл бӕтт».