Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, Уӕрӕсейы 2011 азы мартъи ӕмӕ апрелы ӕххӕстрӕстӕг пионерты нымӕц кӕй фӕфылдӕр. Апрелы пионертӕй лӕггад кодта 26 753 хо ӕмӕ ӕфсымӕры, ӕххуысгӕнӕг пионертӕй та лӕггад кодта 53 502 хъусынгӕнӕджы. Уыдонмӕ ма 870 сӕрмагонд пионеры куы бафтауӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, апрелы алы дыккаг хъусынгӕнӕг дӕр пионерӕй кӕй лӕггад кодта! Стӕй ма нӕ бӕстӕйы апрелы цал хъусынгӕнӕджы уыд, уыйбӕрц никуы – 164 010 адӕймаджы радтой хыгъдтӕ, алчидӕр дзы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бирӕ бафыдӕбон кодта. Афтӕмӕй нын Йегъовӕ дзуапп дӕтты нӕ зӕрдиаг куывдтытӕн, цӕмӕй «йӕ хуыммӕ» ног кусджытӕ рарвита (Матф. 9:37, 38). Ӕрымысӕн изӕры уыд 291 310 адӕймаджы – уыйбӕрц адӕм никуыма ӕрбацыд, Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый равдисынмӕ. Уымӕй уӕлдай ма апрелы нӕ бӕстӕйы 230 раны 99 922 адӕймаджы байхъуыста зоналон цӕстдарӕджы раныхасмӕ.