Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2011 азы 26 декабрӕй райдайгӕ къуырийы.
1. Ӕмбисӕндты 27:21 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕлӕн ныхас цы равдисы? (w06 1.10. 10 ф., 8 абз.).
2. Худын «ӕнӕзонддзинад» цӕмӕн у? (Еккл. 2:1, 2) (w06 1.11. 13 ф., 6 абз.).
3. Соломоны ныхӕстӕ Екклесиасты 3:1–9 чидӕртӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ бамбарой, зӕгъгӕ, хъысмӕт ис, фӕлӕ Екклесиасты 9:11 куыд зыны, уый афтӕ кӕй нӕу? (w09 1.4. 4 ф., 4 абз.).
4. «Ӕгӕр раст» цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм? (Еккл. 7:16) (bw503 9 ф., 8, 9 абз.).
5. Соломоны зарӕджы 2:7 куыд зыны, афтӕмӕй, цардӕмбал чи агуры, уыдон тагъд цӕуылнӕ хъуамӕ кӕной? (w06 1.12. 9 ф., 1 абз.).
6. Суламитаг чызджы «былтӕй тӕдзы фӕзгъӕр мыд» ӕмӕ йе «’взагыл – мыд ӕмӕ ӕхсыр», зӕгъгӕ, уый цы нысан кӕны? (Сол. з. 4:11) (w06 1.12. 9 ф., 6 абз.).
7. Титултӕ «Диссаджы уынаффӕгӕнӕг», «Хъомысджын хуыцау», ӕмӕ «Ӕнусон фыд» Йесойы миниуджытӕм ӕмӕ ног дунейы цавӕр хицау уыдзӕн, уымӕ куыд амонынц? (Ис. 9:6) (w09 15.12. 23 ф., 18 абз.).
8. Фыдзӕрдӕ паддзах Ахазӕн Йегъовӕ цӕмӕн ӕххуыс кодта? (Ис. 7:3, 4) (w06 1.12. 30 ф., 1 абз.).
9. Мидийӕгтӕй афтӕ загъд цӕмӕн уыд, зӕгъгӕ сӕм ӕвзист нымады нӕу ӕмӕ сызгъӕринӕй сӕ зӕрдӕ нӕ райы? (Ис. 13:17) (w06 1.12. 31 ф., 5 абз.).
10. Йесо «Давиды дӕгъӕл» кӕд райста ӕмӕ уыцы дӕгъӕлӕй куыд спайда кодта? (Ис. 22:22) (w09 15.1. 31 ф., 2 абз.).