Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Январь: чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Кӕд адӕймагӕн сывӕллӕттӕ ис, уӕд ын раттӕн ис чиныг «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Февраль: чингуытӕ «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» ӕмӕ «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у?» Мартъи: трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Бацархайут фыццаг бацыды рӕстӕг Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайыныл. Адӕймаг куы нӕ сразы уа Библи ахуыр кӕныныл, уӕд ын раттӕн ис, дзуапп цы фарстайӕн агуры, уый фӕдыл зӕронд журнал кӕнӕ брошюрӕ. Апрель ӕмӕ май: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕтӕ. Кӕд адӕймаджы фылдӕр зонын фӕнда, уӕд ын ратт трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Бацархай бацӕуын, Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай.
◼ Февралӕй районон цӕстдарджытӕн уыдзӕн ног раныхас «Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарыс?».
◼ 2012 азы февралы мӕйӕ парахат кӕнынӕн цы брошюрӕтӕ уа, уыдоны уыдзӕн ног рубрикӕ «Ӕз ахуыр кӕнын Библи». Уый у, ӕртӕ азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы ныййарджытӕн. Ацы рубрикӕ у, рубрикӕтӕ «Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут» ӕмӕ «Кӕстӕртӕн»-ы бӕсты.