Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Февраль: чингуытӕ «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?» ӕмӕ «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у?». Мартъи: трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Бацархайут фыццаг бацыды рӕстӕг Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайыныл. Адӕймаг куы нӕ сразы уа Библи ахуыр кӕныныл, уӕд ын раттӕн ис, дзуапп цы фарстайӕн агуры, уый фӕдыл зӕронд журнал кӕнӕ брошюрӕ. Апрель ӕмӕ май: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕтӕ. Кӕд адӕймаджы фылдӕр зонын фӕнда, уӕд ын ратт трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Бацархай бацӕуын, Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай.
◼ Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ цы сӕрмагонд раныхас уыдзӕн, уый хуыйны «Кӕрон, куыд хъуыды кӕныс, уымӕй тагъддӕр уыдзӕн».
◼ Балцы цы бӕстӕмӕ цӕуынвӕнд кӕныс, уый ӕппӕтдунеон хыгъды кӕнӕ «Ежегодник»-ы фӕстаг фарсыл филиалты номхыгъды куы нӕ уа, уӕд дӕ рагацау хъӕудзӕн уӕ бӕстӕйы филиалмӕ ныффыссын. Чи зоны нӕ уыцы бӕстӕйы хъусын кӕнын нӕ уадзынц, ӕмӕ уым дӕхи куыд хъуамӕ дарай, уый дын филиалӕй бамбарын кӕндзысты (Матф. 10:16). Уымӕй уӕлдай ма иуӕй-иу бӕстӕты хуыздӕр вӕййы, цӕмӕй-иу бынӕттон Ӕвдисӕнтимӕ ма фембӕлӕм ӕмӕ-иу ӕмбырдмӕ дӕр ма бацӕуӕм. Филиалӕй дын уынаффӕ ратдзысты, уыцы бӕстӕйы куыд ис, фадат дын куы фӕзына, уӕд хъусын кӕнӕн ӕмӕ куыд ис литературӕ аласӕн. Ацы хъуыддаджы дын филиал куыд бауынаффӕ кӕна, афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕхи бахиздзынӕ зындзинӕдтӕй ӕмӕ уыцы бӕстӕйы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр нӕ бакъуылымпы кӕндзынӕ (1 Кор. 14:33, 40).