Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/12 8 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
km 4/12 8 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Апрель ӕмӕ май: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕтӕ. Кӕд адӕймаджы фылдӕр зонын фӕнда, уӕд ын ратт трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Бацархай бацӕуын, Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Июнь: трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Бацархайут фыццаг бацыды рӕстӕг Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайыныл. Адӕймаг куы нӕ сразы уа Библи ахуыр кӕныныл, уӕд ын раттӕн ис, дзуапп цы фарстайӕн агуры, уый фӕдыл зӕронд журнал кӕнӕ брошюрӕ. Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.

◼ Облӕстон конгрессы хӕдразмӕ, ӕмбырдтӕн сӕ бон уыдзӕн Хъусын кӕныны фембӕлды программӕ фӕивын, цӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, конгрессы фӕдыл цы уынаффӕтӕ ӕмӕ зӕрдылдаринӕгтӕ ис, уыдон. Конгрессӕй иу-дыууӕ мӕйы куы рацӕуа, уӕд уӕ бон у уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, конгрессы программӕйӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ лӕггады цы баххуыс кодта, уый. Равзарӕн ӕй ис «Ӕркӕсинаг фарстаты» бӕсты.

◼ Облӕстон конгресмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ куы цӕуай, уӕд уый фӕдыл фылдӕр хабӕрттӕ базонӕн ис сайты jw.org, хай «Поиск»/«Конгрессы».

◼ Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нысӕнттӕ дӕтгӕйӕ хъуамӕ музыкӕ ма цӕгъда. Ныхасы рацӕуӕг ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕ хъуамӕ архайой, Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл цы раныхас ис, уым цы амындтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Хорз уаид, сӕхи зондӕй куы ницы аразиккой.

◼ 2012 азы 27 ӕмӕ 28 апрелы, майрӕмбоны ӕмӕ сабаты, филиал (Солнечное) ӕхгӕд уыдзӕн, ӕфснайгӕ кӕй кӕндзысты, уый тыххӕй. Уыцы бонты экскурситӕ нӕ уыдзӕн, стӕй ӕмбырдтӕн литературӕ дӕр нӕ дӕтдзысты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын