Уацамынды нын цы бантыст
◼ Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2011 азы сӕрды ӕмӕ фӕззӕджы бирӕ сыгъдӕг зӕрдӕ адӕм фыццаг хатт хорз хабар кӕй фехъуыстой. Уый нӕ къухы бафтыд, нысангонд чи нӕу, уыцы территоритӕй 384 административон районы кӕй бабар кодтой ӕнӕхъӕн ӕмбырдтӕн кӕнӕ та хъусынгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты. Абон ма хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кӕны 1 556 районы (уыдонӕй 904 районы фӕстаг 2 азы йе та фылдӕр ничи хъусын кодта), цӕры дзы 23 125 000 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕцӕгдӕр, «хуымтӕ – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35).