Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/12 4 ф.
  • Хъусинӕгтӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусинӕгтӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
km 5/12 4 ф.

Хъусинӕгтӕ

◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Май: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕтӕ. Кӕд адӕймаджы фылдӕр базонын фӕнда, уӕд ын ратт трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» ӕмӕ бацархай йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайыныл. Бацу, Ӕрымысӕн изӕры йе та сӕрмагонд раныхасы чи уыд, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыцы адӕмӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Июнь: трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Бацархайут фыццаг бацыды рӕстӕг Библи искӕимӕ ахуыр кӕнын райдайыныл. Адӕймаг куы нӕ сразы уа Библи ахуыр кӕныныл, уӕд ын раттӕн ис, дзуапп цы фарстайӕн агуры, уый фӕдыл зӕронд журнал кӕнӕ брошюрӕ. Июль ӕмӕ август: 32-фарсон брошюрӕтӕй ӕмбырды чи ис, уыдонӕй кӕцыфӕнды дӕр.

◼ Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕмӕ цӕуынвӕнд чи кӕны, уыдон хъуамӕ архайой, 2011 азы августы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 6 фарсыл 12, 13 абзацты ӕмӕ чиныг «Организованы»-йы 111, 112 фӕрстыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ацӕуын дӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй, дӕ хорзӕхӕй, ныффысс уыцы бӕстӕйы филиалмӕ. Филиалты адристӕ ссарӕн ис ацы азы «Ежегодник»-ы фӕстаг фарсыл.

◼ Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, 2012 азы 1 апрелӕй 1 июлмӕ ӕмбырдтӕн сӕ бон кӕй уыдзӕн рафыссын 2013 азӕн къӕлиндартӕ ӕмӕ брошюрӕтӕ «Алы бон дӕр Фыстад иртас». Ацы брошюрӕтӕ ма рафыссӕн ис стыр шрифтӕй дӕр. Сӕрмагонд заказтӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ рафыссын хъӕуы, чи сӕ ныззаказ кӕна, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. Уӕ хорзӕхӕй, афоныл сӕ рафыссут. Ацы публикацитӕ цы ӕвзӕгтыл сты, уый литературӕйӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрӕн йӕ бон у фенын сайтыл jw.org.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын