Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2012 азы 25 июнӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма бонӕй фӕстӕмӕ амынд ис, ӕрмӕг цы публикацийӕ ист у, уый дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа алы къуыри дӕр Скъоламӕ дӕхи цӕттӕ кӕнын.
1. Йереми тынг уӕззау рӕстӕг удӕгасӕй кӕй баззад, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Йер. 37:21) (7 май, jr 150, 151 фф., 19 абз.).
2. Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ Авдемелехы куыд фӕзмынц? (Йер. 38:8–13) (7 май, bw508 31 ф., 14 абз.).
3. Йеремийау нӕ бон куыд у иннӕты фидар кӕнын? (Йер. 42:1–12) (14 май, jr 119 ф., 17 абз.).
4. Варух цы «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домдта», уыдон цы уыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы уынаффӕмӕ кӕй бахъуыста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Йер. 45:5) (21 май, bw511 30 ф., 1, 2 абз.).
5. Едомы раст тӕрхон кӕй хъуамӕ баййӕфтаид, уый тыххӕй дзургӕйӕ Йегъовӕ йӕхи цӕмӕн абарста «сӕнӕфсиртонджытӕ» ӕмӕ «давджытимӕ»? (Йер. 49:9, 10) (28 май, w07 1/11 15 ф., 3 абз.).
6. Цы нысан кодтой Йеремийы ныхӕстӕ, «лидзут Вавилонӕй», зӕгъгӕ? (Йер. 51:6, 45, 50) (4 июнь, w08 15/6 8, 9 фф., 8, 11 абз.).
7. Цӕмӕ амонынц Йегъовӕйы «къӕхты бын» ӕмӕ йӕ «халагъуд»? (Йер. хъ. 2:1, 6) (11 июнь, w07 1/6 9 ф., 1 абз.).
8. Йеремийы цы зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ мӕ Йегъовӕ «ӕнӕмӕнгдӕр ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ мӕм ӕргуыбыр кӕндзӕн», ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Йер. хъ. 3:20) (18 июнь, w07 1/6 11 ф., 2 абз.).
9. Йе ’взонджы бонты ӕфсондз цы адӕймаг хӕссы, уый «амондджын цӕмӕн у? (Йер. хъ. 3:27) (18 июнь, w07 1/6 11 ф., 4 абз.).
10. Йезекилы цӕвиттон нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм, иннӕтӕ нӕм уазал цӕстӕй куы кӕсой, уӕддӕр? (Йез. 3:8, 9) (25 июнь, w08 15/7 8 ф., 6, 7 абз.).