Уацамынды нын цы бантыст
2011 азы дӕргъы нӕ филиал ӕвзаг ахуыр кӕныны курсытӕй ауагъта 10 къласы. Уыдон уыдысты ахӕм ӕвзӕгтыл: азербайджайнаг, вьетнаймаг, сомихаг, тӕтӕйраг, узбекаг ӕмӕ чувашаг. Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕндӕр ӕвзаг кӕй ахуыр кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы фылдӕр кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы фылдӕр кӕны ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг хъусынгӕнджыты нымӕц. Ӕндӕр адӕмтӕй бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕрбаиу вӕййы Хуыцауы организацимӕ (Зах. 8:23).