Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2012 лӕггады азы Уӕрӕсейы фыццаг хатт кӕй уыд иубонон конгресс башкираг ӕвзагыл. Конгресмӕ ӕрбацыд 236 адӕймаджы ӕмӕ дзы донаргъуыд райста 5 адӕймаджы. Стӕй ма фыццаг хатт районон конгресс уыд узбекаг ӕвзагыл, уыди дзы 301 адӕймаджы, донаргъуыд та дзы райста 6 адӕймаджы. Уымӕй уӕлдай ма Уӕрӕсейы фӕзынд фыццаг къорд румынаг (молдавайнаг) ӕвзагыл. Ӕцӕгдӕр, хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «алы адӕмӕн» дӕр сӕхи ӕвзагыл! (Рарг. 14:6).