Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2012 азы майы зоналон цӕстдарӕджы раныхас трансляцигонд кӕй цыд ӕгас Уӕрӕсейы дӕр: Санкт-Петербурджы филиалӕй Паддзахады залтӕм ӕмӕ кӕй баххуырстой, уыцы залтӕм, Калининградӕй суанг Камчаткӕмӕ ӕмӕ ма Республикӕ Беларусьмӕ. Ацы сӕрмагонд раныхасмӕ ӕдӕппӕтӕй байхъуыста 174 954 адӕймаджы. Тынг ӕхсызгон нын у, уый ӕппӕт адӕм кӕй ӕмбарынц, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый ӕмӕ сӕ «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй» кӕй бафидар сты (Рим. 1:12; Матф. 5:3).