Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕджыты скъолайы 2012 азы 31 декабрӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма бонӕй фӕстӕмӕ амынд ис, ӕрмӕг цы публикацийӕ ист у, уый дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа Скъоламӕ дӕхи бацӕттӕ кӕнын.
1. Сасчытӕ кӕй бырсынц, уый тыххӕй Иоилы 2:1–10, 28 пехуымпарад куыд сӕххӕст? (5 нояб., w07 1/11 7 ф., 1 абз.).
2. Мах дӕр Амосау Хуыцауӕй кӕй тӕрсӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? (Ам. 3:8) (12 нояб., w07 1/11 9 ф., 1 абз.).
3. Едомӕгтӕ «хъал зӕрдӕ» цӕмӕн уыдысты, ӕмӕ мах нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (Авди 3, 4) (19 нояб., w07 1/11 15 ф., 6 абз.).
4. Йегъовӕ ниневиӕгтыл бӕллӕх ӕруадзинаг кӕй уыд, ууыл кӕй «фӕфӕсмон кодта», уый куыд равдыста? (Ионӕ 3:8, 10) (19 нояб., w07 1/11 16 ф., 13 абз.).
5. Михейы 5:5 фыст пехуымпарад нӕ ныфс куыд уадзы? (26 нояб., w07 1/11 18 ф., 6 абз.).
6. «Цӕугӕдӕтты кулдуӕрттӕ» цы сты ӕмӕ куыд байгом сты? (Наум 2:6) (3 дек., w07 1/12 9 ф., 2 абз.).
7. Аггейы 1:6 фыст ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, ӕмӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (10 дек., w06 1/5 10 ф., 12–15 абз.).
8. Цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа? (Зах. 7:8–10; 8:16, 17) (17 дек., w07 1/12 15 ф., 2 абз.).
9. Захарийы 4:6, 7 ныхӕстӕ нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ныфсы хос цӕмӕн сты? (17 дек., w07 1/12 14 ф., 7 абз.).
10. Ацы фӕстаг бонты нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнын? (Мал. 3:16–18) (31 дек., bw506 4 ф., 6 абз.).