Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2012 азы декабры Уӕрӕсейы хъусынгӕнджытӕ адӕммӕ ногӕй кӕй бацыдысты 1 485 649 хатты, кӕд бирӕ рӕтты тынг уазал уыд, уӕддӕр! Бӕрӕг у, нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕнынц Йесо Чырыстийы фӕдзӕхст – «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ» ӕмӕ сӕм гыццыл дӕр чи байхъусы, уыдоны ногӕй бабӕрӕг кӕнынц (Матф. 28:19, 20).