Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2013 азы 24 июнӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма амынд ис, фарстатӕ цы къуыриты ӕвзӕрст цӕудзысты, уый дӕр, цӕмӕй алы къуыри дӕр Скъоламӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕ бон уа ӕрмӕг арфдӕр раиртасын.
1. Иоанны 3:14, 15 фыст Йесойы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц: «Моисей ӕдзӕрӕг быдыры калмы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр уӕлӕмӕ ист ӕрцӕудзӕн»? (6 май, w04 1/8 30 ф., 6 абз.).
2. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цард кӕд «фенынц», кӕнӕ кӕд райсынц? (Иоан. 6:53) (13 май, w08 15/4 31 ф., 1 абз.).
3. Бамбарын кӕн, Йесо ӕнӕххӕст адӕмӕн йӕ Фыды куыд раргом кодта (Иоан. 8:28) (20 май, bp109 7 ф., 3 абз.).
4. Лазӕр куы амард, уӕд Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ кӕй ӕркалдысты, уый нын цӕуыл дзурӕг у? (Иоан. 11:35) (20 май, bw521 5 ф., 10 абз.).
5. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Иоан. 13:4, 5) (27 май, w00 1/12 17 ф., 20 абз.).
6. Хуыцау нын сыгъдӕг тыхы фӕрцы фӕндаг куыд амондзӕн? (Иоан. 14:26) (27 май, bw517 14 ф., 9 абз.).
7. Иоанны 21:15 дзырд «адон» цӕмӕ амоны ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (3 июнь, w08 15/4 32 ф., 11 абз.).
8. Хъуыддӕгты 2:44–47 ӕмӕ 4:34, 35 цӕй кой цӕуы, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн цавӕр зӕрдӕйы уаг хъуамӕ уа? (10 июнь, w08 15/5 30 ф., 5 абз.).
9. Хъуыддӕгты 7:59 ныхӕстӕм гӕсгӕ Стефан Йесомӕ куывта? (17 июнь, w08 15/5 31 ф., 3 абз.).
10. Нӕ бон куыд у Варнавӕйы фӕзмын ӕмӕ нын уый цы пайда у? (Хъуыд. 9:26, 27) (24 июнь, bt 72 ф., 19 абз.).