Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Сентябрь ӕмӕ октябрь: алы мӕй дӕр парахат кӕнынӕн кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ. Ноябрь: зиу – парахат кӕндзыстӕм ног трактат «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?» («Паддзахады хабар» № 38). Ӕмбырд йӕ территорийыл куы ’рзила кӕнӕ трактаттӕ иууылдӕр куы байуара, уӕд хъусынгӕнджытӕн сӕ бон уыдзӕн парахат кӕнын брошюрӕтӕ Библи ахуыр кӕнынӕн кӕнӕ трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Декабрь: брошюрӕтӕ Библи ахуыр кӕнынӕн кӕнӕ трактат «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?». Январь ӕмӕ февраль: парахат кӕндзыстӕм брошюрӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй» кӕнӕ иннӕ 32-фарсон брошюрӕтӕ «Хуыцаумӕ хъус», «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» ӕмӕ брошюрӕ «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?»
◼ 2014 азы Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл сӕрмагонд раныхас уыдзӕн 21 апрелӕй райдайгӕ къуырийы. Раныхас цы хуыйны, уый фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр. Уыцы къуыри районон цӕстдарӕг цы ӕмбырды уа кӕнӕ конгресс кӕмӕн уа, уыдон уыцы раныхасмӕ байхъусдзысты иу къуыри фӕстӕдӕр. Ацы сӕрмагонд раныхас 21 апрелӕй раздӕр иу ӕмбырды дӕр хъуамӕ ма уа.
◼ Паддзахады залӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы комитет кӕнӕ ӕфсымӕр хъуамӕ залы уавӕрмӕ ӕркӕса. Уый саразын хъӕуы бланкмӕ гӕсгӕ «Контрольный перечень пунктов по обслуживанию и безопасности Зала Царства» (CN-14). Стӕй хъӕудзӕн уынаффӕ рахӕссын, цы дзы хъӕуы бацалцӕг кӕнын, ӕмӕ ӕркӕсын, документтӕ закъонмӕ гӕсгӕ арӕзт сты ӕви нӕ. Уый фӕстӕ бланк филиалмӕ арвитын хъӕуы 30 сентябрмӕ, йӕ къопи та йын раттын хъӕуы, залӕй чи пайда кӕны, уыцы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕм. Районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд йӕ хъус ӕрдардзӕн, залимӕ баст хъуыддӕгтӕ конд ӕрцыдысты ӕви нӕ.