Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2013 азы апрелы Уӕрӕсейы хъусынгӕнджытӕ адӕмы зӕрдиагӕй кӕй хуыдтой сӕрмагонд раныхасмӕ «Мӕлӕт алцӕмӕндӕр кӕрон скӕны?» ӕмӕ 1 600 329 хатты адӕммӕ ногӕй кӕй бацыдысты! Ныфс нӕ ис, уыцы раныхасмӕ чи байхъуыста ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библийыл чи фӕныхас кӕны, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты Йесойы ныхӕстӕ: «Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ сӕ ӕз зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц мӕ фӕдыл» (Иоан. 10:27).