Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Мартъи ӕмӕ апрель: алы мӕй дӕр парахат кӕнынӕн кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ. Май ӕмӕ июнь: ацы буклеттӕй кӕцыфӕнды дӕр: «Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?», «Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?», «Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?», «Ацы дуне кӕй къухы ис?», «Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?» ӕмӕ «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?».
◼ 2014 азы Ӕрымысӕн изӕр уыдзӕн 14 апрелы, къуырисӕры. Кӕд уе ’мбырд къуырисӕры вӕййы, уӕд-иу ӕй уыцы къуыри ӕндӕр бон скӕнут, кӕд Паддзахады залы бынат уа, уӕд. Уыцы къуыри уын хъусын кӕныны фембӕлд куы нӕ уа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор темӕтӕ афтӕ спълан кӕндзӕн, цӕмӕй, уе ’мбырдӕн уӕлдай стыр ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, уыцы хъуыдытыл уӕ бон уа мӕйы дӕргъы искӕцы фембӕлды аныхас кӕнын.
◼ 2014 лӕггады азы дыккаг ӕмбисы районон цӕстдарӕгӕн цы ӕргом раныхас уыдзӕн, уый хуыйны «Тагъд не ’ппӕт бӕллӕхтӕй дӕр фервӕздзыстӕм».