Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, фарон Уӕрӕсейы ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой 4 722 хо ӕмӕ ӕфсымӕры. Бирӕтӕ сӕ сразы вӕййынц, «Македонимӕ ӕрцӕуын» ӕмӕ фылдӕр балӕггад кӕнын, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым (Хъуыд. 16:9, 10). Нӕ бӕстӕйы нырма бирӕ ис, Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бынӕттӕ (Лук. 4:43; Хъуыд. 20:20, 21).