Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2014 азы 30 июнӕй райдайгӕ къуырийы.
Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ нӕ хъуыдыйы цӕмӕн хъуамӕ дарӕм Рацыд 23:2 фыст уагӕвӕрд? (5 май, w11 15/7 10, 11 фф., 3–7 абз. [bw512 10, 11 фф., 3–7 абз.]).
Нывӕндтӕ ӕрхӕссыны размӕ сауджынтӕ сӕхи цӕмӕн хъуамӕ ӕхсадтаиккой ӕмӕ уыцы хъуыддаг абоны чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны? (Рац. 30:18–21) (19 май, w08 1/7 15 ф., 5, 6 абз.).
Аарон сызгъӕрин уӕныг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй ӕфхӕрд цӕуылнӕ ’рцыд? (Рац. 32:1–8, 25–35) (19 май, w04 1/4 31 ф., 4 абз.).
Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уымӕ мах цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Рац. 34:6, 7) (26 май, w12 15/11 25 ф., 17 абз. [bw528 25 ф., 17 абз.]).
Веселеил ӕмӕ нӕ Аголиавы хабар куыд фидар кӕны? (Рац. 35:30–35) (26 май, w10 15/9 10 ф., 13 абз. [bw502 10 ф., 13 абз.]).
Израилы Хистӕр сауджын зӕрдыл дарынӕн йӕ худыл цы хаста ӕмӕ уымӕй нывонддзырд раттыны тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Рац. 39:30) (2 июнь, w01 1/2 23 ф., 2, 3 абз.).
Чырыстӕттыл цы хӕс ис, се ’муырнджытӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд? (Лев. 5:1) (9 июнь, w11 15/8 31 ф., 15 абз. [bw513 31 ф., 15 абз.]).
Фарны нывӕндтӕ израилӕгтӕн ахсджиаг цӕмӕн уыдысты ӕмӕ абон махӕн цӕуыл дзурӕг сты? (Лев. 7:31–33) (16 июнь, w12 15/1 19 ф., 11, 12 абз. [bw518 19 ф., 11, 12 абз.]).
Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авиуды тӕригъӕд цӕй мидӕг уыд? (Лев. 10:1, 2, 9) (23 июнь, w04 1/6 30 ф., 6–8 абз.).
Ӕвгъӕдыбадӕг сылгоймаг сыгъдӕгыл нымад цӕуылнӕ уыд? (Лев. 12:2, 5) (23 июнь, w04 1/6 31 ф., 1 абз.).