Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2014 азы 27 октябрӕй райдайгӕ къуырийы.
Израилӕгтӕ Хуыцау ӕмӕ Моисейыл цӕмӕн хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ уыцы хабар махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Ным. 21:5) (1 сент., w11 15/2 18 ф., 1 абз. ӕмӕ 20 ф., 4 абз. [bw507 18 ф., 1 абз. ӕмӕ 20 ф., 4 абз.]).
Йегъовӕйӕн Валааммӕ йӕ маст цӕмӕн ссыгъд? (Ным. 22:20–22) (8 сент., w04 1/8 32 ф., 1 абз.).
Финеес Хуыцауӕн куыд лӕггад кодта, уый Нымӕцты 25:11 стихӕй куыд зыны ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын? (8 сент., w04 1/8 32 ф., 3 абз.).
Моисей сӕрныллӕг кӕй уыд, уый куыд равдыста ӕмӕ нын фӕзминаг куыд у? (Ным. 27:5, 15–18) (15 сент., w13 1/2 5 ф. [bp131 5 ф.]).
Чырыстон лӕгӕн уый бар ис, цӕмӕй, йӕ бинойнаг Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый аива? (Ным. 30:6–8) (22 сент., w04 1/8 32 ф., 2 абз.).
Салпаады чызджытӕ коммӕгӕс кӕй разындысты, уымӕй, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Ным. 36:10–12) (29 сент., w08 15/2 4 ф., 10 абз.).
Израилӕгтӕ кӕй хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ ныфссӕттӕн ныхӕстӕ кӕй кодтой, уый сӕ цӕмӕ ӕркодта ӕмӕ ацы хабарӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Дык. з. 1:26–28, 34, 35) (6 окт., w13 15/8 11 ф., 7 абз. [bw537 11 ф., 7 абз.]).
Цӕмӕй израилӕгты Йегъовӕйы хорзӕх уыдаид ӕмӕ, бынӕн цы зӕхх хъуамӕ райстаиккой, уым амондджынӕй цардаиккой, уый тыххӕй сыл цавӕр дыууӕ хӕсы уыд? (Дык. з. 4:9) (13 окт., w06 1/6 28 ф., 15 абз.).
Израилӕгтӕ цалынмӕ ӕдзӕрӕг быдыры уыдысты, уӕдмӕ сӕ уӕлӕдарӕс кӕй нӕ ихсыд ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ кӕй никуы срӕсыдысты, уый куыд ӕмбаргӕ у? (Дык. з. 8:3, 4) (20 окт., w04 1/10 31 ф., 1 абз.).
Израилӕгтӕн афтӕ кӕй уыд загъд, хъуамӕ Йегъовӕйыл «уат ӕнувыд», зӕгъгӕ, уый нын цӕуыл дзурӕг у? (Дык. з. 13:4, 6–9) (27 окт., w02 1/11 16 ф., 14 абз.).