Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2013 лӕггады азы Уӕрӕсейы 992 ӕмбырдӕй 8 568 хъусынгӕнӕджы кӕй сразы сты, иу ӕмбырдӕн дӕр нысангонд чи нӕу, ахӕм территорийы лӕггад кӕныныл. Сӕ бӕрны сын бакодтой 446 административон районы. 2014 лӕггады азы ахӕм рӕттӕм хъусын кӕнынмӕ чи ацыд, уыдон уыдысты 948 ӕмбырдӕй, ӕмӕ сын сӕ бӕрны бакодтой 446 административон районы. Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕн мах тынг аргъ кӕнӕм (Ром. 10:14, 15).