Уацамынды нын цы бантыст
4 июлӕй 6 июлмӕ горӕт Атлантӕйы (АИШ) уыд ӕхсӕнадӕмон конгресс, ӕмӕ уыцы цины бӕрӕгбоны уыди 896 адӕймаджы Уӕрӕсейӕ ӕмӕ Белоруссийӕ. Бынӕттон ӕфсымӕртӕ равдыстой диссаджы уазӕгуарзондзинад, стӕй алцыдӕр тынг хорз бацӕттӕ кодтой. Ӕмӕ уый фӕрцы ноджы хуыздӕр уыди фенӕн, ног дунейы Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд цы диссаджы цард уыдзӕн, уый (Мих. 4:2–4). Уыцы бӕрӕгбонмӕ се ’ппӕтӕн сӕ бон нӕ баци ацӕуын. Фӕлӕ дзы чи уыд, уыдон цы хабӕрттӕ радзырдтой, стӕй ӕнӕхъӕн дунейы ӕхсӕнадӕмон конгрессты тыххӕй цы хабӕрттӕ фехъусын кодтой, уыдон не ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй банкъарӕм, не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый! (Пс. 133:1).