Уацамынды нын цы бантыст
Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, хъусынгӕнджыты нымӕц ногӕй кӕй фӕфылдӕр. 2014 азы октябры хорз хабар хъусын кодта 174 015 адӕймаджы! Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фыдӕбонӕн арфӕ кӕны (Ис. 60:22).
2014 азы дӕргъы Уӕрӕсейы хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ цыдысты, ӕндӕр ӕвзӕгтӕ кӕм ахуыр кодтой, ахӕм курсытӕм: китайаг, узбекаг, тӕтӕйраг, сомихаг, азербайджайнаг, башкираг. Уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон у адӕмӕн хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл хъусын кӕнын (Рарг. 14:6, 7).