Скъолайы ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон ӕвзӕрст цӕудзысты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы 2015 азы 29 июнӕй райдайгӕ къуырийы. Къӕлӕтты ма амынд ис, фарстатӕ цы къуыриты ӕвзӕрст цӕудзысты, уый дӕр, цӕмӕй алы къуыри дӕр Скъоламӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕ бон уа ӕрмӕг арфдӕр раиртасын.
Мелхолӕ Давидимӕ куыд ныхас кодта, уым ӕвзӕрӕй цы уыд ӕмӕ уыцы хабарӕй лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн сӕ бон зондӕн райсын цы у? (2 Сам. 6:20–23) (11 май, w11 1/8 12 ф., 1 абз. [bp113]).
Давид кувӕндон саразынмӕ куы хъавыд ӕмӕ пехуымпар Нафан ууыл куы сразы, уӕд ӕй Йегъовӕ бараст кодта. Нафан уымӕ цы цӕстӕй ракаст? (2 Сам. 7:2, 3) (11 май, w12 15/2 24 ф., 6, 7 абз. [bw519]).
Нафан Давидӕн комкоммӕ цӕуылнӕ загъта, ды тӕригъӕд сарӕзтай, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта? (2 Сам. 12:1–7). Ацы хабары фӕрцы хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ куыд суыдзыстӕм? (18 май, w12 15/2 24 ф., 2, 3 абз. [bw519]).
Авессаломӕн израилӕгты асайын куыд бантыст ӕмӕ нӕ бон куыд у Авессаломы хуызӕн адӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕнын? (2 Сам. 15:6) (25 май, w12 15/7 13 ф., 7 абз. [bw524]).
Давид тыхст уавӕры куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта ӕмӕ уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (2 Сам. 17:27–29) (1 июнь, w08 15/9 5, 6 фф., 15, 16 абз.).
Давид ӕндӕрбӕстаг адӕймагӕн, Иттайӕн, куыд уыд, уымӕй зондӕн цы ис райсӕн? (2 Сам. 18:2) (1 июнь, w09 15/5 27 ф., 7 абз.).
Ацӕргӕ чырыстӕттӕ Верзелийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц? (2 Сам. 19:31, 32) (8 июнь, w07 1/6 24, 25 фф., 12, 13 абз.).
Давид Йегъовӕйы иузӕрдиондзинады тыххӕй цы загъта, уый абон мах ныфс куыд уадзы? (2 Сам. 22:26) (15 июнь, w13 15/6 17 ф., 4 абз. [bw535]).
Нафан Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста ӕмӕ йӕ нӕ бон фӕзмын куыд у? (1 Пад. 1:11–14) (22 июнь, w12 15/2 25 ф., 1, 4, 5 абз. [bw519]).
Соломон йӕхицӕн Хуыцауы закъоны сӕрты ахизынӕн ӕфсӕнттӕ куыд агуырдта, афтӕ абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр хъуыддӕгты, гӕнӕн ис, ӕмӕ райдайой ӕфсӕнттӕ агурын? (1 Пад. 3:1) (29 июнь, w11 15/12 10 ф., 12–14 абз. [bw517]).