Хуыцауы Ныхас дын дӕ царды алы хъуыддагыл дӕр ӕндавы?
Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «уидӕгтӕ ауадзӕм» ӕмӕ «уырнындзинады ӕрфидар уӕм» (Кол. 2:6, 7). Фӕлӕ нын цӕмӕй Йегъовӕйы Ныхас нӕ цардыл ӕндава, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм (Дзут. 4:12; Иак. 1:22–25). Йесо Навины 1:8 стихы дзырд цӕуы, Библи кӕсгӕйӕ нын пайда чи ӕрхӕсдзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл. 1) Хуыцауы Ныхас кӕс «ӕхсӕвӕй-бонӕй». 2) Кӕс ӕй «сабыр хъӕлӕсӕй», ома-иу тагъд ма кӕс, цӕмӕй, цы хабӕрттӕ кӕсыс, уыдоныл-иу ахъуыды кӕнай ӕмӕ-иу сӕ дӕ цӕстытыл ауайын кӕнай. 3) Библийы «цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр» зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕн. Ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр «уыдзыстӕм ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзыстӕм».