Хъусинӕгтӕ
◼ Литературӕ парахат кӕнынӕн. Октябрь: алы мӕй дӕр парахат кӕнынӕн кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ. Ноябрь ӕмӕ декабрь: буклеттӕ «Рӕстдзинад базонын дӕ фӕнды?» (kt), «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?», «Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?», «Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?», «Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?», «Ацы дуне кӕй къухы ис?», «Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?» ӕмӕ «Цы у Хуыцауы Паддзахад?» (T-30–36). Бацархай, цӕмӕй-иу искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Январь ӕмӕ февраль: пайда кӕн брошюрӕйӕ «Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис» (igw), цӕмӕй-иу искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай кӕнӕ-иу адӕймагӕн ратт брошюрӕтӕ «Хуыцаумӕ хъус» (ld) ӕмӕ «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» (ll). Мартъи: алы мӕй дӕр парахат кӕнынӕн кӕй райсӕм, уыцы брошюрӕтӕ.