Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb16 мартъи 7 ф.
  • Чырыстийы нывонды фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чырыстийы нывонды фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Чи дын амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты!
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Райгасы ныфс. Куыд дын ӕххуыс кӕны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • «Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
mwb16 мартъи 7 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Чырыстийы нывонды фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты

Мӕлӕтдзаг рынчын чызгыл йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ маст кӕнынц; йӕ хо райгасдзинадыл хъуыды кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр

Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын хорз фадат вӕййы, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, Чырыстийы нывонды фӕрцы фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдоныл. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Йегъовӕйы никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой. Уымӕ гӕсгӕ, зынаргъ нын чи у, уыдонӕй исчи куы амӕлы, уӕд ууыл куыд фӕмаст кӕнӕм, афтӕ ницӕуыл (1Кр 15:26). Йесойӕн йӕ зӕрдӕ фӕрыст, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Лазӕры мардыл куыд хъыг кодтой, уый уынгӕйӕ (Ин 11:33–35). Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссы, зиан ныл куы ӕрцӕуы, уӕд (Ин 14:7). Йегъовӕ тынг бӕллы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдоны райгас кӕнынмӕ, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уымӕ бӕллӕм (Иов 14:14, 15).

Йегъовӕ у уаг ӕмӕ ӕгъдауы Хуыцау, ӕмӕ, адӕм куыд ӕгас кӕндзысты, уымӕн дӕр уыдзӕн бӕлвырд ӕгъдау (1Кр 14:33, 40). Адӕм зиӕнттӕ нал кӕндзысты, фӕлӕ сӕхи цӕттӕ кӕндзысты, чи райгас уа, уыдонимӕ фембӕлынмӕ. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл фӕхъуыды кӕныс, уӕлдайдӕр та кӕд дӕхиуыл уӕззау зиан ӕрцыд, уӕд? (2Кр 4:17, 18). Йегъовӕйӕн бузныг фӕдзурыс Чырыстийы нывонды тыххӕй ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нын Библийы кӕй раргом кодта, уый тыххӕй? (Кл 3:15).

  • Де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонӕй тынгдӕр кӕй фенынмӕ бӕллыс?

  • Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы адӕймӕгтӕй дӕ тынгдӕр кӕимӕ фӕнды фембӕлын ӕмӕ аныхас кӕнын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын