ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМТӔ 60–68
Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауы кадджын кӕнут
Йегъовӕйӕн исты дзырд куы раттай, уӕд-иу ӕм кув, цӕмӕй дӕ дзырд сӕххӕст кӕнай
Йегъовӕмӕ, цы дзырд ын радтам, уый тыххӕй куы кувӕм, уӕд тынгдӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ сӕххӕст кӕнӕм
Нӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр дзырд радтам, нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд
Аннӕ
Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын-иу радзур
Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы фӕкувӕм, уӕд ын радзурӕм нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ дӕр
Бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй куы кувӕм, уӕд ирддӕрӕй уындзыстӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уый
Чырысти
Йегъовӕ хъусы рӕстгӕнджыты куывдтытӕ
Йегъовӕ хъусы, зӕрдиагӕй йӕ чидӕриддӕр агуры ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыдоны куывдтытӕ
Йегъовӕмӕ кӕдфӕнды дӕр у нӕ бон кувын
Корнилий
Ныффысс, цӕй тыххӕй дӕ фӕнды кувын, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ: