ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕЗЕКИЛ 6–10
Кӕй аирвӕздзынӕ, уый нысан ӕвӕрд дыл ӕрцӕудзӕн?
Йезекил цы цӕстылуайӕн федта, уый фыццаг хатт сӕххӕст, рагон Иерусалим куы ныппырх, уӕд. Нӕ рӕстӕджы та куыд хъуамӕ сӕххӕст уа?
Писыры фыссӕнгӕрзтимӕ чи уыд, уыцы лӕг амоны Йесо Чырыстимӕ
Ӕхсӕз лӕджы, пырх кӕмӕй кӕндзысты, ахӕм хӕцӕнгӕрзтимӕ, амонынц уӕларвон ӕфсӕдтӕм, сӕ сӕргъы та ис Чырысти
Тынг бирӕ адӕмыл нысан ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, стыр бӕллӕхы рӕстӕг фыстыл нымад куы ӕрцӕуой, уӕд