ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕЗЕКИЛ 32–34
Хъахъхъӕнӕгыл ис стыр хӕс
Хъахъхъӕнӕг-иу арӕх лӕууыд горӕты мӕсгуытыл ӕмӕ къултыл ӕмӕ-иу цӕрджыты бӕллӕхӕй фӕдзӕхста. Йегъовӕ дӕр Йезекилы, зӕгъӕн ис, «Израилы адӕмӕн сӕвӕрдта хъахъхъӕнӕгӕй».
Йезекил израилӕгты фӕдзӕхста, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сӕ бӕллӕх кӕй баййафдзӕн
Махӕн та Йегъовӕ цавӕр хабар бафӕдзӕхста хъусын кӕнын?
Йезекил адӕмы кӕй фӕдзӕхста, уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фервӕзтаиккой
Йегъовӕ нын кӕй бахӕс кодта, уыцы хабар ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?