Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp20 № 3 14–15 фф.
  • Не Сфӕлдисӕджы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Не Сфӕлдисӕджы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын у
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чырыстийы диссӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон цы у базонын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Уый адӕмы уарзта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Хуыцауы тыххӕй йӕ пехуымпартӕ цы дзырдтой?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
wp20 № 3 14–15 фф.
Алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи сты, ахӕм адӕм зӕххыл дзӕнӕты сӕ рӕстӕг иумӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынц

«Зӕхх ратдзӕн тыллӕг, Хуыцау, нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕндзӕн» (ПСАЛОМ 67:6)

Не Сфӕлдисӕджы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын у

Хуыцау йӕ пехуымпар Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕй иуы фӕрцы арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты «зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Райдиан 22:18). Чи хъуамӕ уыдаид уыцы байзӕддаг?

Иу-2 000 азы размӕ Хуыцау Йесо Чырыстийӕн, Авраамы байзӕддагӕн, радта стыр диссӕгтӕ аразыны хъару. Уыцы диссӕгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Чырыстийы фӕрцы хъуамӕ сӕххӕст уа (Галатӕгтӕм 3:14).

Чырысти цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд бамбарын, Хуыцау уый кӕй равзӕрста, цӕмӕй йӕ фӕрцы адӕм арфӕгонд ӕрцӕуой. Уыцы диссӕгтӕй ма бӕрӕг уыд, Хуыцау Чырыстийы фӕрцы адӕмы цы хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты ӕнустӕм. Чырысти цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй йӕ рӕсугъд миниуджытӕ куыд зынынц?

Хӕларзӕрдӕдзинад. Рынчынты дзӕбӕх кодта.

Иухатт иу хъотырджын лӕг Чырыстийӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Чырысти йыл андзӕвыд ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ хъотырджын лӕг уайтагъд сдзӕбӕх (Марчы 1:40–42).

Рӕдаудзинад. Ӕххормаг адӕмы-иу бафсӕста.

Чырыстийы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕххормаг ӕййӕфтаиккой. Ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты мингай адӕмы диссаджы хуызы бафсӕста цалдӕр дзул ӕмӕ цалдӕр гыццыл кӕсаджы фӕрцы (Матфейы 14:17–21; 15:32–38). Адӕм иууылдӕр куы бахордтой ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд ма хӕринагӕй зайгӕ дӕр бакодта.

Тӕригъӕдгӕнаг. Мӕрдты ӕгас кодта.

Иу идӕдз усӕн йӕ иунӕг фырт амард, ӕмӕ йӕм фӕкӕсӕг нал уыд. Чырыстийӕн «йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст», ӕмӕ йын йӕ фырты райгас кодта (Лукайы 7:12–15).

АДӔМ ЗӔХХЫЛ ӔНУСТӔМ АРФӔГОНД УЫДЗЫСТЫ

Уӕдӕ Чырысти равдыста, Хуыцаумӕ кӕй ис ахӕм хъару, цӕмӕй адӕмы йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕна. Тагъд Чырысти ӕрцӕудзӕн, зӕрдӕ куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Чырыстийы фӕрцы ӕгас зӕххыл ноджы стырдӕр диссӕгтӕ сараздзӕн!

Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд зӕххыл цыхуызӕн цард уыдзӕн? Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йын чи кад кӕны, уыдон «зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:11). Уӕд «нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4).

Зӕххыл ӕнустӕм цӕрай ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уай, уый цӕй диссаджы арфӕдзинад у! Хуыцау ма адӕмы схайджын кӕндзӕн бирӕ ӕндӕр арфӕдзинӕдтӕй дӕр. Уый тыххӕй дӕ бон у базонын сайты www.jw.org.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын