НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Библи лӕмбынӕг иртасынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн
Фӕнды дӕ, цӕмӕй фӕлварӕнты рӕстӕг Данелау Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайай? Данел Хуыцауы Ныхас, уыимӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр, лӕмбынӕг иртӕста (Дан 9:2). Библи лӕмбынӕг куы иртасай, уӕд дын уый иузӕрдионӕй баззайынӕн баххуыс кӕндзӕн. Куыд? Уый фӕрцы дӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (ЙсН 23:14). Стӕй ма уый фӕрцы Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарздзынӕ, ӕмӕ дӕ уӕд фӕнддзӕн, раст цы у, уый аразын (Пс 97:10). Фӕлӕ дӕ бон цы у иртасын ӕмӕ уый куыд ис аразӕн? Ӕркӕс уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕмӕ.
Дӕ бон цы у иртасын? Иртасынмӕ хауы, зӕгъӕм, ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын. Алы къуыри дӕр нын Библийӕ цы сӕртӕ вӕййы бакӕсинаг, уыдон дын фылдӕр пайда хӕсдзысты, цы стихтӕ не ’мбарай, уыдоны фӕдыл-иу ӕрмӕг куы бацагурай, уӕд. Чидӕртӕ ма фӕиртасынц Библийы пехуымпарӕдтӕ, Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕ кӕнӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тыхмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон, йе та фылдӕр ӕрмӕг бацагурынц апостол Павелы уацамындон балцыты фӕдыл. Библийӕ дӕм исты фарста куы фӕзына, уӕд-иу ӕй дӕхимӕ афысс, цӕмӕй-иу ӕй стӕй раиртасай.
Дӕ бон кӕм у ӕрмӕг бацагурын? Уый базондзынӕ видеороликӕй «Кусӕнгӕрзтӕ „хӕзнатӕ“ агурынӕн». Цы мадзӕлтты кой дзы цӕуы, уыдонӕй искӕцыйӕ спайда кӕнын бафӕлвар. Зӕгъӕм, раиртас ахӕм фарста: Данелы чиныджы 7-ӕм сӕры цы хъӕддаг сырдты кой цӕуы, уыдон цавӕр дунеон паддзахӕдтӕм амонынц?
Иртасынӕн цас рӕстӕг хъуамӕ рахицӕн кӕнай? Библи ӕдзухдӕр иртасын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар уа. Кӕд дын райдианы иртасынӕн рӕстӕг ссарын ӕнцон нӕ уа, уӕд уал-иу уыцы хъуыддагӕн гыццыл рӕстӕг рахицӕн кӕн, ӕмӕ стӕй сабыргай уыцы рӕстӕг фӕфылдӕр кӕн. Хуыцауы Ныхас иртасын абарӕн ис ӕмбӕхст хӕзнатӕ агурынимӕ – цас фылдӕр хӕзнатӕ ссарай, уыйас дӕ фылдӕр фӕнддзӕн агурын! (Ӕм 2:3–6). Афтӕмӕй дӕ зӕрдӕ Хуыцауы Ныхас тынгӕй-тынгдӕр «агурдзӕн» ӕмӕ Библи ӕдзухдӕр иртасдзынӕ (1Пт 2:2).
ДАНЕЛЫ ЧИНЫДЖЫ 7-ӔМ СӔРЫ ХЪӔДДАГ СЫРДТӔ ЦӔМӔ АМОНЫНЦ?
УӔЛӔМХАСӔН ФАРСТА:
Данелы 7:8, 24 фыст ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?
ИННӔ ХАТТ БИБЛИ КУЫ ИРТАСОН
Раргомады чиныджы 13-ӕм сӕры цы хъӕддаг сырдты кой цӕуы, уыдон цӕмӕ амонынц?