Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb18 январь 8 ф.
  • «Де ’фсымӕримӕ уал бафидау». Куыд?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Де ’фсымӕримӕ уал бафидау». Куыд?
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • «Ацы гыццылтӕн» цӕлхдур ма су!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Тырнут, «фарн цы хӕссы... уымӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • «Хъусут ӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
mwb18 январь 8 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Де ’фсымӕримӕ уал бафидау». Куыд?

Нӕлгоймаг нывондхӕссӕны раз йӕ кусӕрттаг фӕуагъта ӕмӕ фӕцӕуы, цӕмӕй йе ’фсымӕримӕ бафидауа

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма Йесойы рӕстӕг цӕрыс Галилейӕйы, ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбон сбӕрӕг кӕнынмӕ Иерусалиммӕ ӕрцыдтӕ. Горӕт ӕмызмӕлд кӕны, бӕрӕгбонмӕ алы рӕттӕй чи ӕрцыд, уыцы адӕмӕй. Фӕнды дӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссын. Гъемӕ дӕ фӕдыл бӕндӕнӕй баст сӕгъы фӕкӕныс, афтӕмӕй нарӕг уынгты адӕмы ӕхсӕнты кувӕндонмӕ фӕцӕуыс. Кувӕндонмӕ ӕрбацыдтӕ, ӕмӕ дзы дуне адӕм. Уыдоны дӕр фӕнды нывонд ӕрхӕссын. Ӕппынфӕстаг дӕ рад ӕрхӕццӕ, цӕмӕй сауджынмӕ раттай, цы сӕгъы ӕрбакодтай, уый. Раст уыцы рӕстӕг дӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у. Уый дӕр кӕмдӕр кувӕндоны адӕмы ’хсӕн ис кӕнӕ та – горӕты. Цы кӕнын дӕ хъӕуы, уый Йесо бамбарын кодта. (Бакӕс Матфейы 5:24.) Цы хъуамӕ саразай ды дӕр ӕмӕ дӕм хӕрам чи у, уыцы ӕфсымӕр дӕр, цӕмӕй бафидауат, Йесо куыд загъта, афтӕ? Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдоны раст дзуаппытӕ фӕнысан кӕн.

ДЫ ХЪУАМӔ...

  • де ’фсымӕримӕ аныхас кӕнай, кӕд ӕй тынг фӕхъыг кодтай, ӕрмӕстдӕр уӕд

  • де ’фсымӕрӕн бамбарын кӕнай, хъуыддаг ӕгӕр кӕй ныддисаг кодта кӕнӕ йӕхӕдӕг дӕр кӕй у аххосджын

  • де ’фсымӕрмӕ лӕмбынӕг байхъусай, ӕмӕ кӕд кӕронмӕ нӕ бамбӕрстай, цӕмӕн дӕм фӕхъыг, уый ӕмӕ барӕй нӕ уыдтӕ, уӕддӕр дзы зӕрдиагӕй хатыр ракурай, йӕ зӕрдӕ йын кӕй фӕриссын кодтай, уый тыххӕй

ДЕ ’ФСЫМӔР ХЪУАМӔ...

  • ӕмбырды иннӕтӕн дзура, кӕй йӕ фӕхъыг кодтай, уый тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй агура, йӕ фарс чи рахӕца, уыдоны

  • аххосджын дӕ кӕна ӕмӕ дын, цы ’рцыди, уый лыстӕг хабӕртты онг ногӕй дзура ӕмӕ дӕ дома, цӕмӕй дӕ рӕдыдыл басӕттай

  • бамбара, кӕй йӕм бацыдтӕ, уымӕй сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад кӕй равдыстай, ӕмӕ дын зӕрдиагӕй ныххатыр кӕна

Кӕд абон нывондӕн фос нал хӕссӕм, уӕддӕр, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй куыд у бӕрӕг, не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй кӕй хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй Хуыцау нӕ лӕггадӕй райгонд уа?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын