Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb18 мартъи 7 ф.
  • «Ма бафынӕй ут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ма бафынӕй ут»
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цӕттӕ разындзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ хъусӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • «Ӕууӕнкджын цагъар» фӕлвӕрд ӕрцыд!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
mwb18 мартъи 7 ф.
Йесойы фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 25

«Ма бафынӕй ут»

25:1–12

Кӕд Йесо дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхас йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты тыххӕй радзырдта, уӕддӕр йӕ сӕйраг хъуыды чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хауы (bw556 12–16). «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (Мф 25:13). Дӕ бон у Йесойы фӕсномыг ныхас бамбарын кӕнын?

  • Сиахс (1 стих): Йесо Чырысти.

  • Цӕттӕ чи уыд, уыцы зондджын чызджытӕ (2 стих): йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ чи у ӕмӕ суанг кӕронмӕ рухсгӕнӕнтау чи ӕрттивдзӕн, уыцы иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ (Фп 2:15).

  • «Чидӕр ныхъхъӕр кодта: „Сиахс ӕрбацӕуы!“» (6 стих): Йесо Паддзах кӕй сси, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

  • Ӕнӕзонд чызджытӕ (8 стих): сиахсы размӕ чи рацыд, фӕлӕ къӕрцхъус ӕмӕ иузӕрдион чи нӕ разынд, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ.

  • Зондджын чызджытӕ сын сӕ сойӕ нӕ радтой (9 стих): иузӕрдион сӕрст чырыстӕттыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕд сӕ бон нал уыдзӕн, иузӕрдионӕй чи нӕ баззад, уыдонӕн баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕгмӕ уыдзӕн.

  • «Сиахс ӕрбахӕццӕ» (10 стих): стыр бӕллӕхы кӕронмӕ ’ввахс Йесо тӕрхон скӕнынмӕ ӕрцӕудзӕн.

  • Цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм сиахсимӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд (10 стих): Йесо иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты уӕларвмӕ акӕндзӕн. Иузӕрдион чи нӕ разына, уыдон та сӕ уӕларвон хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты.

Ацы фӕсномыг ныхас афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ иузӕрдион нӕ разындзысты ӕмӕ сӕ бӕсты ӕндӕрты хъӕудзӕн равзарын. Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ алы сӕрст чырыстонӕн дӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у, цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус уыдзӕн ӕви ӕнӕзонд разындзӕн ӕмӕ иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Йесо фӕдзӕхста: «Уӕхи цӕттӕ дарут» (Мф 24:44). Фӕнды нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уа, фӕнды – зӕххыл, уӕддӕр Йесойы фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус.

Къӕрцхъус кӕй дӕн, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын